Сыгъдæг Патрик

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сыгъдæг Патричы витражон хуызæвдыст Рухс Йесойы саборы Окленды

Сыгъдæг Па́трик (англ. St.Patrick, Saint Patrick, лат. Sanctus Patricius, Patricus, ирл. Naomh Pádraig) — чырыстон уас, Ирланди æмæ Нигерийы бардуаг. Кадылдард у католицизм æмæ хицæн протестантон еклезиты (зæгъæм, англикайнаджы, пресвитериайнаджы, лютерайнаджы); растуырнæг еклезиты йын æрмæст иу-цалдæр æхсæнады куывдæуы, æгас растуырнæг (православон) еклезитæй йын кад кæныны фарста нырма н’ аскъуыдздзæг ис.

Сыгъдæг Патричы номыл æппæт дунейыл дæр бирæ аргъуантæ ис конд, сæ номддзыддæр у Сыгъдæг Патричы стыр аргъуан Дублины, 1191-æм азы амад. XVIII æнусы стыр аргъуаны сæйраг клирик уыди фыссæг Джонатан Свифт.

Сыгъдæг Патричы бон[ивын | Бындур ивын]

Кæнынц æй 17 мартъийы Ирландийы, Цæгат Ирландийы æмæ куыд паддзахадон бæрæгбон Канадæйы провинци Ньюфаундленд æмæ Лабрадоры; æндæр бæстæты та ацы бон пабты кæнынц фылдæр, зырхыны тыххæй.

Йæ боны хъуамæ дардæуой кæрдæгхуыз пысултæ (Чикагойы ма цæугæдон дæр куы сзæрæ кæнынц). Фæлæ йæ райдианæй, суанг XVII æнусмæ, цалынмæ 1798 азы растады афон ирландаг салдæттæ сæ уæлæ кæрдæгхуыз униформæ не скодтой, уæдмæ Патричы хуызыл нымад уыди копрадзхуыз.

Ацы бон-иу пабты уалдай цайдагъ свæййынц музыкалон хъазт æмæ хъæлдзæгдзинад, цин кæнынц æмæ иууылдæр ныуазынц кæрдæгхуыз бæгæны (кæцыйыл æцæгæй та цæйдæр сиропгонд ахорæн акæнынц æмæ бæгæныйы мæзæрæуы доны хуызон скæны), кæд æмæ-иу раздæр Ирландийы та алы нозтдон æхкæнгæ кодта.