Кæрдæгхуыз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Кæрдæгхуыз сыф
Кæрдæгхуыз элементтæ кæй тырысатыл ис, уыцы паддзахæдтæ

Кæрдæгхуыз у цыппар сæйраг хуызтæй иу. Спектры уылæны дæргъ у 500—565 нанометры. Хуызы координатæтæ: RGB HEX — #00FF00.

Кæрдæгхуыз у зайæгойты хуыз, ууыл аххосæг у фотосинтезы пигмент хлорофилл.

[баив æй] Тырысатæ

Кæрдæгхуыз у пан-африкæйаг хуызтæй иу (уыцы хуызтæ сты бур, кæрдæгхуыз æмæ сырх), уый тыххæй уыцы хуыз бирæ африкæйаг паддзахæдты тырысатыл фенæн ис. Кæрдæгхуыз у пысылмон дины символтæй иу — уый тыххæй, цæрджыты фылдæр хай пысылмæттæ кæмæн сты, уыцы паддзахадтæн дæр сæ тырысатæ сты кæрдæгхуыз. Ливийы тырыса у хуымæтæджы æнæисты кæрдæгхуыз хъуымац.