Сиддхартха Гаутама

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бронзæйæ Буддæ. Лаос, XVIII æнус

Гаута́ма Бу́ддæ (санскр. गौतम बुद्ध) уыдис легендарон удгоймаг, сарæзта ахуыр «Цыппар уæздан æцæгдзинады», цардис Индийы нæ эрæйы агъоммæ VI—V æнусты.[1] Куы райгуырдис, уæд ын радтой ном Сиддхаттха Готама (пали) / Сиддхартха Гаутама (санскрит) — «Готамæйы байзæддаг, йæ нысæнттæ æнтыстджынæй æххæстгæнæг», фæстæдæр йæ хонын райдыдтой Буддæ «райхъал уæвæг». Гаутамæйы ма уыимæ фæхонынц Сакьямуни кæнæ Шакьямуни ома «зондджын Сакьяйы мыггагæй»[2], кæнæ Татхагата (санскр. तथागत, «Афтæ æрбацæуæг»).

Сиддхартха Гаутамæ у буддизмы сæйраг архайæг. Йæ уадзæндзырдтæ (уырыс. изречения) æмæ ахуыргæнинæгтимæ дзымандытæ (диалогтæ) систы буддистон канон — «Трипитакайы» бындур, арæзт та æрцыдис нæ эрæйы агъоммæ I æнусы.

Буддæ у цалдæр дины персонаж: канд буддизмы нæ, фæлæ, зæгъæм, боны æмæ индуизмы. Астæуккаг æнусты фæстаг индиаг Пуранты (зæгъæм, Бхагавата-пуранæйы) æрцыдис Вишнуйы аватарæйыл нымад Баларамайы бæсты.

Буддæйы цард[ивын | Бындур ивын]

Нырыккон буддизмы цы тексттæ æрфидар сты, уыдонмæ гæсгæ Сиддхартха Гаутамæ райгуырдис сахар Капилавастумæ æввахс бынаты (лæууы Непалы; ныр уыцы бынаты лæууы кувæндæтты бæстыхæйтты баст Лумбини) майы мæй æххæст цы æхсæвы уыд уæд кшатрион Шакьяйы. Йæ райгуырæн бон у бæрæгбон буддистон бæстæты (Весак).

Гаутамæйы фыд уыдис Каппилаваттхуйы паддзах Магадхæйы, æмæ Гаутамæ райгуырдис паддзахы фыртæй, йæ цард хъуамæ арвыстаид бонджынæй æмæ æппæтæй дæр æххæстæй. Таурæгъмæ гæсгæ райгуырды размæ Гаутамæ йæ мадмæ фыны фæзындис урс пылы сурæты. Бæрæгбоны рæстæг уæныкæсæг (уырыс. провидец) Аситæ загъта, зæгъгæ, ацы саби суыдзæн кæнæ стыр паддзах, кæнæ диссаджы сыгъдæг адæймаг. Йæ фыд бæллыдис, цæмæй уый суа зындгонд паддзах æмæ йæ уый охыл фæиппæрд кодта дины ахуырад æмæ адæймаджы тухиты зонадæй.

Лæппуйыл æхсæрдæс азы куы сæххæст ис, уæд ын фыд ракуырдта йе ’мгар чызг Ясодхарæйы, æмæ сын райгуырдис фырт Рахул. Гаутамæйы фыд æххæст кодта йæ фырты алцæмæй дæр.

Иухатт, йæ мойы боныл æртындæс азы куы рацыдис уæд Гаутамæ цалхдар (уырыс. колесничий) Чаннæимæ рацæйцыдис йæ галуанæй æмæ федта «Цыппар равдысты»: зæронд къуылых, рынчын адæймаг, æмбийгæ мард æмæ цардиппæрд (уырыс. отшельник). Гаутамæ уæд бамбæрста царды хъысмæт — зæрондкæнын, рынчындзинад æмæ мæлæт æнæмæнг кæй æрцæуынц, мæгуыртæ хъæздгуытæй бирæ фылдæр кæй сты, æмæ фæстагмæ хъæздгуытæ дæр рыг кæй фестынц. Уый бамбаргæйæ Гаутамæ 29-аздзыдæй ныууагъта йæ хæдзар, йæ бинонты æмæ йæ мулк æмæ сси цардиппæрд.

Йæ бынтæ ныууадзгæйæ йæ царды нысан сæвæрдта тухитæй куыд фервæзæн ис, уый базонын. Райдыдта ахуыр кæнын йогикон медитаци дыууæ цардиппæрд брахманы разамындмæ гæсгæ æмæ кæд ацы хъуыддаджы уæллоз къæпхæнтæм схызтис, уæддæр йæ куыст нымадта æнæнтыстыл.

Йæхиуыл скодта цæугæцардгæнæг моладзаны дзаума æмæ араст ис хуссар-скæсæны Индимæ. Райдыдта тызмæг цардиппæрды цардыл ахуыр кæнын æмæ йæхи тухæнæй марын. Æхсæз азы фæстæ мæлæты дуарыл лæугæйæ фæхатыд, тызмæг аскезон методтæ ногæй йын кæй ницы дæттынц. Уæд ныууагъта йæ буар удхарæй марын æмæ афтид медитаци йæ куыст скодта, æмæ рабæрæг кодта астæуккаг фæндаг — хи домæнтæ дæр иууыл æххæст кæнынмæ ма бæллын æмæ дæхи удхарæй дæр ма марын. Фикус бæласы бын сбадти (уый тыххæй ацы бæласы райдыдтой хонын Бодхийы бæлас), æмæ ард бахордта, уæлæмæ кæй нæ сыстдзæн, цалынмæ æцæгдзинад нæ базона, уæдмæ. Æнæнхъæлæджы йæм æрцыди куырыхон зонд. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой Буддæ. Уый у санскритаг дзырд æмæ амоны: Рухс зонды хицау. Афтæмæй «райхъал ис», майы мæй цалхыдзаг куы уыд, уыцы рæстæг. Уæд ыл цыдис 35 азы. Уæд æй райдыдтой хонын Гаутамæ Буддæ кæнæ афтиддæр «Будда». Йæ хъуыдытæ Буддæ парахат кодта, цæугæдон Ганджы был цы сахар уыд, уым — Бенарессы. Йæ хъуыдыты апп та арæзт у цыппар хайæ, цыппар фарнхæссæг къабазæй:

  1. Дунейыл алцы дæр кæны ивгæ-ивгъуыйгæ, уымæ гæсгæ цард йемыдзаг у хъизæмæрттæй, хъыгæй, фыдохæй.
  2. Хъизæмæрттæн та сæ аххостæ сты цардыуаг фæхуыздæр кæныны фæндтæ, монцтæ-мондæгтæ, удирхæфсæнтæ.
  3. Хъизæмæрттæй фервæзæн ис æрмæстдæр уæд, æмæ дæ монцтæ, дæ фæндтæ куы ныцъцъист кæнай.
  4. Ныцъцъист кæнæн сын ис «рæстæй» цæргæйæ, ома алы раив-баивтæй дæхи ратонын дæ бон куы суа, нирванæйы уавæры куы бацæуай, уæд. Нирванæйы уавæры хуызæн рæстæг арæх абарынц пиллон арты сыгъдимæ. Арт сабыргай хуыссын байдайы, суг куы нал вæййы, уæд. Адæймаджы «артагыл» та нымад сты монцтæ, фыдæх, хæлæг, зыд æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Цæвиттон, уыдон амарын куы бафæразай, уæд ис фервæзæн: ногæй никуыуал райгуырдзынæ — ахæм у Буддæйы ахуырады сæйраг хъуыды.

Уыцы рæстæг Буддæ хъуамæ равзæрстаид — разыйæ баззайа йæхи суæгъдыл æви æндæр адæмы дæр ууыл ахуыр кæнын байдайа. Æнхъæл уыдис æмæ дуне гæнæн ис æмæ ахæм арф æмбарындзинадмæ цæттæ нæма у, фæлæ уæддæр кæроны сфæнд кодта Сарнатхмæ ацæуын æмæ фыццаг динамынд бакæсын Саджы бæласдоны. Уыцы амынды раргом кодта «Цыппар уæздан æцæгдзинады» æмæ астæуккаг фæндаджы домæнтæ.

Буддæ уæлæргом кодта (уырыс. подчеркивать) хуыцау кæй нæу. Буддæ — зондамонæг уыцы фæлдисондтæн кæдон снысан кодтой ацы фæндагыл ацæуын æмæ Райхъалдзинадмæ бацæуын æмæ базонын æцæгдзинад æмæ бæлвырдад куыд сты афтæ.

Йæ царды дарддæр цы 45 азы фæцард, уыцы рæстæг балцы цыдис цæугæдон Ганджы дæлвæзыл астæуккаг Индийы, амыдта йæ ахуырад алы хуызон адæмæн, уыдонимæ ерысгæнæг динты æмæ философиты фарсхæцджытæн дæр. Йæ дин уыдис æргом алы расæ æмæ кълæстæн дæр æмæ йын нæ уыд ницавæр кастон структурæ. Бындур æрæвæрда буддистон моладзанты комуннæ («Сангхайæн»), цæмæй йæ ахуырад ма фæсæфа йæ кæройнаг «Ниббаны» фæстæ æмæ дунейæ ацæуыны фæстæ. Йæ фæдыл араст сты уыцы коммунæмæ мингай ног здæхтытæ.

Уæд расидтис — æххæст кæй райхъал, кæй бамбæрста адæймаджы тухиты æмæ удхорты аххос æмæ цы хъæуы уый аиуварсгæныныл. Уыцы æнкъарæн раргом кодта «Цыппар уæздан æцæгдзинады». Иууылбæрзонддæр райхъалдзинад, цыфæнды фæлдисондæн йæ бон кæмæ у бахæццæ уын, хуыйны ниббана (пали; нирванæсанскрит).

Куы йыл цыдис 80 азы, уæд сфæнд кодта дунейæ ацæуын. Бахордта йæ фæстаг хойраг, снывонд ын æй кодта куырд Чунда, æмæ йæхи æвзæр хатын райдыдта. Йæ фæдонтæй ма иу хатт бæлвырд базыдта, йæ ахуырад раст æмбæрст æмæ хъахъхъæд кæй æрцæудзæн æмæ майы цæлхдзаг мæйы амардис. Йæ фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Хæйттæй амад цы у, уый æрбайсæфы. Æнувыд ут!»

Буддæ Гаутама æгъдаумæ гæсгæ уыдис кремацигонд, басыгъды фæстæ цы æртхутæг баззадис, уый дих æрцыдис аст хайыл, хæйттæ бавæрдтой аст сæрмагонд арæзт фæхты бын.

Царды хронологи[ивын | Бындур ивын]

Сæйрагдæр амонæн Буддæйы царды рæстæджы тыххæй у буддистон император Ашокæйы паддзахиуæджы райдайæн. Ашокæйы эдиктты бындурыл æмæ‐иу минæвæртты кæмæ арвыста, уыцы эллинаг паддзæхты паддзахиуæджы рæстæгмæ гæсгæ, ахуыргæндтæ датæ æвæрынц Ашокæйы хицауиуæг 268 аз нæ эрæйы агъоммæ. Палийаг равзæрæнтæ дзурынц Буддæ фæмард ацы хабарæй 218 аз раздæр. Иууылдæр равзæрæнтæ дзурынц Буддæ амард цыппар æмæ ссæдзаздзыдæй, æмæ уыдæттæм гæсгæ рауад датæ 566-486 азты нæ эрæйы агъоммæ. Уый у «даргъ хронологи» (long chronology) кæй хонынц, уый. Альтернативон «цыбыр хронологийы» (short chronology) бындур сты санскритаг равзæрæнтæ цæгат-индиаг буддизмы Скæсæн Азийы чи баззадис. Ацы версимæ гæсгæ Буддæ амардис 100 азы раздæр Ашокæйы паддзахадиуæджы размæ, æмæ уый дæтты ахæм датæ: 448—368 азтæ нæ эрæйы агъоммæ. Уыимæ иуæй-иу скæсæйнаг традициты Буддæйы мæлæты датæйыл нымайынц 949, кæнæ 878 аз нæ эрæйы агъоммæ, Тибеты та — 881 аз нæ эрæйы агъоммæ.

Радиоæвзалыгуыр анализ æвдисы, иуæй-иу цæрæнрæттæ, Буддæ кæй бабæрæг кодта Палийаг канонмæ гæсгæ, нæ уыдысты нырма арæзт, адæм дзы нæма æрцардысты мах дуджы 500-æм азы размæ (±100 азы) æмæ уый дызæрдыгыл æфтауы датæ 486 аз нæ эрæйы агъоммæ. Уый едтæмæ ма цы информаци йы джайнизмы историйыл дзуры Буддæ æмæ Махавира, джайнты раздзог, дыууæйæ дæр амардысты 410 æмæ 390 азты астæу.

Буддæйы зонды ныхæстæй[ивын | Бындур ивын]

  • Арвыл уа, фурды астæу уа, хохы цъассы уа — зæххыл иу ахæм бынат дæр нæй, цæрæгудыл мæлæт кæм нæ фæуæлахиз уыдзæни.
  • Хæрзгæнæг, хæд-зонд адæймаджы иу боны цард ахсджиагдæр у фыд-зæрдæ, хæлд адæймаджы фондзыссæдз азы цардæй.
  • Хæрзæгъдау чи у, зæрæдтæн аргъ чи кæны, уыдоныл уыциу рæстæг бафты цыппар хорзы: цард, фидауц, амонд, тых.
  • Арвæй дыл сызгъæрин æхцатæ куы ’рхауа, уæд дæр дæ мондæгтæн бафсисы хъомыс никуы уыдзæни. Зондджын уый у, йæ сæр кæмæн ахсы: мондæгтæ фыдбылыз ысты æмæ чысыл цин хæссынц.
  • Дзур рæстдзинад, дæ маст уром, чысыл исты дæ куы курой, уæд дæр ратт. Уыцы æртæ хъуыддаджы æххуысæй ис хуыцæуттæм фæхæстæгдæр уæвæн.
  • Нæ уыди, нæ уыдзæн æмæ ныр дæр нæй, æрмæстдæр æфхæрыны кæнæ æрмæстдæр æппæлыны аккаг чи у, ахæм адæймаг.
  • Фæндаггон йæхи хуызæн, кæнæ йæхицæй хуыздæрыл куынæ сæмбæла, уæд фæлтау йæ иунæгыл хъæцæд: æдылыдзæфæй æрдхорд нæй.
  • Иу исчи хæсты быдыры мин хатты мин хæстоныл куы фæуæлахиз уаид, иннæ та æрмæст йæхиуыл куы фæуæлахиз уаид, уæд уыцы иннæйы нымайын хъæуид тæккæ стырдæр уæлахиздзауыл.
  • Нырма мадард бæгънæг сабийау лæппын æмæ дзыхъхъынног чи у, нырма ризгæ чи кæны, æнцон фæхъæнгæнæн чи у, тыхтæ-фыдтæй уромæн кæмæн ис, уыцы хъуыды зондджын лæг фатау æрдыны бавæры æмæ йæ саразы, чердæм æмбæлы, уырдæм.
  • Нæдæр чингуыты руаджы, нæдæр садзгæ зондæй сзондджын вæййы лæг. Æрмæстдæр маст æмæ æрхæндæгæй йæхи чи ссыгъдæг кæны, монцтæй чи ссæрибар вæййы, йæхиуыл дуæрттæ чи сæхгæны æмæ иунæгæй, хибарæй хъуыдыты чи аныгъуылы, уый рахондзынæн æз зондджын.
  • Зын ссарæн у уæздан адæймаг: алы ран нæ райгуыры. Фæлæ ахæм стыр зонды хицау цы мыггаджы, цы адæмы ’хсæн райгуыры, уый сфæрнджын вæййы.
  • «Уый мæ бафхæрдта, уый мæ ныццавта, уый мыл фæуæлахиз, уый мæ бастыгъта». Ахæм хъуыдытæ йæ мидæг чи ’мбæхсы, уыдонæн сæ фыдæх нæ сæфы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Аллы хуызон равзæрæнтæ дæттынц датæтæ: 624544 азтæ нæ эрæйы агъоммæ; 623543 азтæ нæ эрæйы агъоммæ; 563 аз нæ эрæйы агъоммæ 563486 азтæ нæ эрæйы агъоммæ 571491 аз нæ эрæйы агъоммæ; 453373 аз нæ эрæйы агъоммæ; 448368 аз нæ эрæйы агъоммæ. Кæс ноджы сæрмагонд раздел ацы уацы.
  2. Не хъæуы хæццæ кæнын Тибеты буддизмы скъола Сакьяимæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Арья Шура. Гирлянда Джатак, или Сказания о подвигах Бодхисаттвы / пер. с санскр. А. П. Баранникова и О. Ф. Волковой. — М.: Вост. лит., 2000.
  • Жизнь Будды / Ашвагхоша. Драмы / Калидаса; пер. К. Бальмонта; введение, вступ. статья, очерки, науч. ред. Г. Бонгард-Левина. — М.: Худож. лит., 1990. — 573 с.
  • Жизнь Будды / сост. С. А. Комиссаров. — Новосибирск: Наука, 1994.
  • Лысенко В. Г. Будда как личность или личность в буддизме // Бог — человек — общество в традиционных культурах Востока. — М.: Наука, 1993. С. 121—133.
  • Ольденбург С. Ф., Владимирцов Б. Я., Щербатской Ф. И., Розенберг О. О. Жизнь Будды, индийского Учителя Жизни. Пять лекций по буддизму. — Самара: Агни, 1998.

Интернет æрмæджытæ[ивын | Бындур ивын]