Сеутæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Герб |
Тырыса |
| Паддзахад | Испани |
| Статус | Автономон сахар |
| Административон центр | Сеутæ |
| Президент | Хуан Хесус Вивас |
| Æвзæгтæ | испайнаг |
| Цæрджытæ (2006) | 78 320 |
| Фæзуат | 18,5 км² |
| Код ISO 3166-2 | ES-CE |
| Официалон сайт | |
Се́утæ (исп. Ceuta [θewta]) у Испанийы автономон сахар æмæ æрдæганклав Африкæйы цæгаты. 1580-æм азæй у Испанийы исбон. Йæ фæзуат у 18,5 км², цæрджыты нымæц — 75 мин адæймаджы. Марокко 1956-æм азы хæдбар куы сси, уæд ын рардæуыд Танжер, Тарфаяйы сектор æмæ Ифнийы территори, фæлæ Сеутæ æмæ Мелилья Испани ныууагъта йæхицæн. Анклав Мароккойæ хицæнгонд у Сеутæйы æмбонæй.
[ивын] Цæрджытæ æмæ æвзæгтæ
Сеутæйы ныртæккæ цæры 75276 адæймаджы. Испайнæгтæй уæлдай сахары ма цæрынц, араббаг, китайаг, индиаг æмæ дзуттаг уидæгтæ кæмæн ис, ахæм адæм.
Анклавы официалон æвзаг у испайнаг. Амы магрибæгтæм (магрибаг араббæгтæм) ма парахат у араббаг æвзаг.