Сантæ-Катаринæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Герб |
Тырыса |
| Паддзахад | Бразили |
| Статус | Штат |
| Кæй сконды у | Бразилийы Хуссар регион |
| Административон центр | Флорианополис |
| Стырдæр сахартæ | Жоинвиль, Флорианополис, Блуменау |
| губернатор | Луис Энрике да Сильвейра |
| Цæрджытæ (2005) |
5 866 487 (11-æм бынат) |
| Æнгомдзинад | 61,53 ад./км² |
| Националон сконд | португайлæгтæ, немыцæгтæ, италиæгтæ |
| Фæзуат | 95 346,181 км² (20-æм бынат) |
| Сахатон таг | -3 |
| Код ISO 3166-2 | BR-SC |
| ВикиКъæбицы | Santa Catarina |
Сантæ-Катаринæ (порт. Santa Catarina [ˈsɐ̃ta kataˈɾina]) у штат Бразилийы хуссары. Цæрыны стандарттæ дзы сты бæстæйы бæрзонддæртæй иу. Штаты сæйраг сахар у Флорианополис, уый лæууы Сантæ-Катаринæйы сакъадахыл. Сыхагон штаттæ сты Риу-Гранди-ду-Сул хуссары æмæ Парана цæгаты. Штаты скæсæны арæн у Атлантикон фурды был, ныгуылæны та — Аргентинæйы провинци Мисионес.
Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй фылдæр сты, Португали, Герман æмæ Италийæ чи æрбалыгъдысты, уыцы адæмы фæдонтæ. Гермайнаг тæваг Сантæ-Катаринæйы у цæстуынгæ. Гермайнагау хуынд сахар Блуменауы æрвылаз бæрæг кæнынц Октоберфест — æмæ, дам, у дунейы дыккаг стырдæр ахæм фестиваль.
2008-æм азы барæггæнæнтæм гæсгæ, штаты цæрынц 6,1 милуан адæймаджы (61,53 алы квадратон километры), сæ нымæц рæзы. Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй сæ фылдæр (82,5%) цæрынц сахарты. Сæ расæмæ гæсгæ 86,6% сты урс, 9,4% — пардо («морæхуыз»), 3,6% — сау[1].
[баив æй] Фиппаинæгтæ