Сандинисттæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
FSLN.png

Сандинисттæ (Национ Ссæрибары Сандинистон Фронт (аббр. НССФ, исп. Frente Sandinista de Liberación Nacional, аббр. FSLN) у Никарагуæйы радикалон галиу политикон парти. Хуины никарагуæйаг революционер Аугусто Сандинойы номæн.

Партийы бындур 1961 азы сæвæрдтой радикалон студенттæ. Дæргъвæтин рæстæг партийы сæйраг нысан уыд Сомосæты диктаторты династийы ныхмæ тох кæнын. Уыцы архайд 1979 азы æнтыстджынæй фæци, фæстаг диктатор Анастасио Сомосæ Дебайлейы бахъуыди бæстæйæ ралидзын, фæстæдæр æй амардтой Парагвайы.

19791990 азты сандинисттæ хицауиуæг кодтой Никарагуæйы. Уыдоны хъуыди сæ тох дарддæр кæнын — бæстæйы хъæдты архайдтой Contras, рахиз партизантæ.

Партийы разамонæг бирæ азты дæргъы у Даниэль Ортегæ, уый у Никарагуæйы нырыккон президент.


Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл