Сакъитæ
Сакъитæ (уырыс. Сакиевы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд[ивын | Бындур ивын]
Сакъитæ, Зуратæ æмæ Гагозтæ сæхи хонынц Хорцетæй, кæрæдзийы нымайынц хæстæг æфсымæртыл. Сæ фыд Хорце раздæр цард Кæсæджы, Малхъы доны был. Уырдыгæй йæ цæрæнбынат раивта Дыгургоммæ, Æхсæуыхъæумæ. Ам ын райгуырд цыппар фырты: Сакъи, Зура, Есе æмæ Гагоз. Есе алыгъд Мæздæгмæ, иннæ æфсымæртæ баззадысты Æхсæуы. Сæ фыды амæлæты фæстæ байуæрстой æмæ сæхи нæмттæм гæсгæ схуыдтой сæ мыггæгтæ: Сакъитæ, Зуратæ æмæ Гагозтæ. Уыдон дæр Æхсæуы бирæ нæ фæцардысты, алыгъдысты Мæздæгмæ. Зурайæн уыд дыууæ фырты: Омар æмæ Налухъ. Налухъы, дам, йæ мад ныййардта хуым кæрдгæйæ мæкъуылы рæбын æмæ, дам, куы сыстыр, уæддæр æм дзырдтой «Бæкъуæл» (дыгуронау Мæкъуыл), æмæ афтæмæй сæ мыггаг ссис Бæкъуæлтæй.[1]
Зындгонд адæм[ивын | Бындур ивын]
- Сакъиты Эльбрус, Борисы фырт — газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор.
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
Литературæ[ивын | Бындур ивын]
- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 135.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 106.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 78–79.