Руймон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Руймон у калмæнгæс æвирхъау мифон цæрæгой, нарты кадджыты персонаж.

Мифологи[ивын | Бындур ивын]

Сæгуыт (рæубес) куы ныззайы, уæд, дам, иуварс агæпп кæны æмæ дардæй йæ лæппынмæ æрбакæсы. Йæхи хуызæн куы вæййы, уæд æм æрбацæуы æмæ йын дзидзи бадары. Фæлæ алы хатт афтæ нæ вæййы. Иуæй-иу хатт ныййары хилæджы хуызæн цыдæр. Уый хуыйны Руймон. Ахæм куы вæййы, уæд дзы йæ мад дард алидзы. Руймон вæййы хæрз чысыл, йæ цæстытæй дæр нæ фæкæсы. Фæлæ уайтагъд бæлæстæ æд уидæгтæ рæдувын, зæхх ныхъуырын райдайы. Æмæ дынджырæй-дынджырдæр кæны. Ноджы гæнæн ис æмæ уынын райдайа. Æмæ уæд, тынг егъау суæвгæйæ, æппæт адæмы дæр ныццæгъддзæнис. Цæмæй ахæм бæллæх ма ’рцæуа, уый тыххæй йæ уæларвцæрæг Уацилла рæхыстæй сбаста æмæ йæ уæларвмæ сласта. Ам ын æрвон зæдтæ æмæ дауджытæ цирхъытæй хайгай кæнынц йæ буар æмæ йæ уарынц мард адæмыл. Мæрдтæ Руймоны буары хæйттæй цæттæ кæнынц алыхуызон хостæ æмæ дзы куы фæхъæстæ вæййынц, уæд цы кары фæзиан сты, уыцы кары райгас ваййынц.[1]

Этимологи æмæ истори[ивын | Бындур ивын]

Абайты Васомæ гæсгæ ныхас Руймон цæуы ромаг адæммы номæй, йæ уидæгтæ та цæуынц суанг ма ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ, Ромы империимæ куы хæцыдысты уыцы заманмæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.