Порнографи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
18+

Порнографи (порно дæр; гр. πόρνος «хъахбайдзинад» æмæ γράφω «фыссын, ныв кæнын») у, сексуалон знæт (мондаг) сцырын кæнынæн кæмæй спайда кæнынц, æрдон оргæнты æмæ æрдон акты ахæм æнæмбæхст (хæрз æргом), вульгарон-натуралистон равдыст (нывы, кинойы æмæ а.д.), кæнæ афыст (тексты мидæг, аудиоæрмæджы æмæ афтæ дарддæр).

Историйы дæргъы ацы архайд паддзахадон æмæ динон уагдæтты ’рдыгæй цыдиc æфхæрд. Суанг ныры онг дæр ма фылдæр бæстæты ис, порнографи хæлиу кæныны архайд къуындæгдæр чи кæны, ахæм закъæттæ.

Порнографийæ хицæнгонд у эротикæ.