Невадо-дель-Уилæ
Невадо-дель-Уилæ | |
---|---|
Кæм ис | |
2°56′00″ с. ш. 76°02′00″ з. д.HGЯO | |
Ран | Колумби |
Хохы системæ | Андтæ |
Характеристикæтæ | |
Цъуппы бæрзæнд | 5364 м |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Невадо-дель-Уилæ (исп. Nevado del Huila) — тæккæ бæрзонддæр вулкан Колумбийы, æвæрд у департамент Уилæйы. Вулкан фынæй уыдис 500 азæй фылдæр, æмæ сейсмикон архайд æвдисын райдыдта 2007-æм азы. Уыцы азы 20 февралмæ регистрацигонд æрцыдысты 7000 минæй фылдæр чысыл сейсмикон цауы. Сейсмикон тас уæллоз у департаменттæн Уилæ, Каукæ, Калдас, Валье-дель-Каукæ.[1]
Сирвæзтытæ
[ивын | Бындур ивын]2007-æм азы 18 апрелы вулкан райхъал ис. Скалд расайдта лæбырдтыты рацыд цæугæдон Паезмæ, уыцы цауæй фæфылдæр доны æмвæз цæугæдон Магдаленæйы аллывæрсты. Амæттæгтæ нæ разынд, эвакуацигонд æрцыдысты 4000 мин адæймагæй фылдæр.[2][3]
Невадо-дель-Уилæ ногæй райдыдта активондзинад æвдисын 2008-æм азы мартъийы. Бирæнымæцон вулканикон зæххæнкъуыстыты фæстæ 18 мартъийы колумбиаг хицауад расидт «бур» тасы æмвæз,[4] фæстæдæр æй раивтой «оранжхуызыл» 29 мартъийы, уый дзуры ууыл æмæ сирвæзтмæ æнхъæлмæ кастысты хæстæгдæр бонты кæнæ къуыриты. Эвакуацигонд æрцыдысты бирæ адæм.[5] 2008-æм азы 14 апрелы 23:08 æрцыд æртхутæджы скалд, уæд хицауад расидтис «сырх» тас æмæ æвакуаци скодта 13 000 — 15 000 адæймаджы хохы алфæмбылайæ.[6] Тасы æмвæз та æртардæуыд фæстæмæ «оранжхуызмæ» 16 апрелы, вулканы активондзинад куы фæкъаддæр ис.
2008 -æм азы 21 ноябры 02:45 UTC æрцыдис ног сирвæзт[7], йæ амæттаг фесты 10 адæймагæй фылдæр, 12 000 æрцыдысты эвакуацигонд.[8]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Reducción de actividad sísmica de Nevado del Huila aligera estado de emergencia en zonas cercanas, El Tiempo, February 20, 2007. Accessed February 20, 2007.
- ↑ Mudslides occurred, but like in many eruptions, lava was not present.Destrucción de cuatro puentes y numerosos cultivos deja a su paso avalancha en el Cauca, El Tiempo
- ↑ Thousands flee from Colombia volcano
- ↑ Yellow alert for Colombian volcano Nevado del Huila
- ↑ Sate of alert volcano Nevado del Huila raised to orange
- ↑ Colombian volcano erupts in shower of hot ash; authorities declare alert, International Herald Tribune, April 15, 2008.
- ↑ Nevado del Huila Volcano Erupts in Colombia, Latin America Herald Tribune, November 23,2008. Фæстаг фенд 2008-11-23. Архивгонд æрцыдис 21 майы 2011 азы.
- ↑ Число жертв схода оползней в Колумбии, вызванных извержением вулкана Невадо дель Уила, возросло до 10 человек.