Народы Кавказа (газет)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Народы Кавказа» («Кавказы адæмтæ») у, Цæгат æмæ Хуссар Кавказы хабæрттæ æмæ цардыуаджы тыххæй чи фыссы, ахæм æппæтуæрæсеон æхсæнадон-политикон газет. Цæуы уырыссаг æвзагыл. Газеты раздæры ном — «Этнэ» (грекъагау — «адæмтæ»).

Истори[ивын | Бындур ивын]

Газет «Народы Кавказа»-йы фыццаг номыр рухс федта Мæскуыйы 1997-æм азы 21 июны. 1998-æм азы 5 январæй фæстæмæ газет цæуы мæй дыууæ хатты Мæскуыйы, стæй Дзæуджыхъæу æмæ Цæгат Кавказы æндæр сахарты.

Тематикæ[ивын | Бындур ивын]

Газеты сæйраг темæ — «Кавказы адæмты нырыккон культурæйы æппæт хъуыддæгтæ». Газеты коллективы къорд хатты схорзæджын кодтой Уæрæсейы æмæ Цæгат Кавказы республикæты алыхуызон призтæ æмæ кады гæххæтытæй.

Æрвылаз газет расиды, «Афæдзы адæймаг», зæгъгæ, ахæм конкурс. Йæ лауреаттæ свæййынц афæдзы хуыздæр спортсментæ, политиктæ, музыканттæ, алыхуызон професситы минæвæрттæ.

Техникон информаци[ивын | Бындур ивын]

  • Бæрцуат — 16 фарсы.
  • Формат — А3.
  • Тираж — 4 мин экземпляры.

Газеты адрис æмæ разамынд[ивын | Бындур ивын]

  • Редакцийы адрис: Дзæуджыхъæу, Димитровы уынг, 5.
  • Газеты бындурæвæрæг æмæ сæйраг редактор — Коцойты Артур.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]