Моститæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Моститæ[1] (уырыс. Мостиевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Моститæ Стыр Дыгурмæ æрбафтыдысты Асийæ. Ам бирæ рæстæджы фæцардысты, мыггаджы мæсыг дæр сарæзтой. Фæстагмæ уырдыгæй фæлыгъдысты Лескенмæ. Уым сыл низ сыстад, æмæ дыууæ æфсымæрæй фæстæмæ æрбалыгъдысты Стыр Дыгурмæ. Ацы æфсымæртæн сæ нæмттæ ничи хъуыды кæны. Фæлæ сæ цæуæтæй 1886 азы фыстыты Стыр Дыгуры цардысты дыууæ хæдзары: Хадойы фырт Абысал æмæ Мицъойы фырт Али. Фæстагмæ Моститæ ралыгъдысты Цыколамæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.