Мармæр денджыз
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мраморы денджызы уынд Стамбулæй
Мармæр денджыз (тур. Marmara Denizi, ном равзæрди, урс мармæр кæм амал кодтой, уыцы сакъадах Мармæры номæй; раггрекъаг ном — рагон грекъ. Προποντίς Пропонтидæ) у Атлантикон фурды денджыз, æрбынат кодта Турчы европæйаг æмæ чысылазиаг хæйттæй.
Цæгат-скæсæны Босфоры донкъубалы фæрцы баст у Сау денджызимæ, хуссар-ныгуылæны — Дарданеллты донкъубал æй бæтты Эгейы денджызимæ.
Денджызы алфамбылай рагзаманæй цæрынц адæймæгтæ.
Мармæр денджызы дæргъ у 280 км, уæрх та — 80 км. Фæзуат у 11 472 км². Доны рæстæмбис бæрцуат 4 тыс. км³, æрфад — 1355 м.
Мармæр денджызы былгæрæтты бирæ цæрæнрæттæ и. Илмæ (провинцимæ) гæсгæ уыдон сты: