Лунд
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
|
Лунд (швед. Lund , [lɵnd]) у сахар Швецийы хуссары, лен Сконейы. Йæ ном нысан кæны «къох».
Лунды цæрынцы 76 мин адæймаджы. Уыимæ ма ис цалдæр мины студенттæ.
Куыд уырныдæуы, сахар фæзынди 990 азы, ацы зæхх Данийы сконды ма куы уыд, уæд. Фæстæдæр сахар сси чырыстон дины парахат кæныны артдзæст, ам уыд архиепископы бадæн æмæ Лунды кафедралон аргъуан (1103 азы амад).
Лунды университет кусын байдыдта 1666 азы æмæ ныртæккæ у Скандинавийы стырдæр университеттæй иу.