Ланн, Жан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Жан Ланн
фр. Jean Lannes
Райгуырды датæ 1769-æм азы 10 апрелы(1769-04-10)[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1809-æм азы 31 майы(1809-05-31)[3][4][1][…] (40 азы)
Мæлæты бынат
Кæй Франц Франц
Æфсæддон куысты азтæ 17921809
Хуындад Империйы маршæл[d]
Хайад Стыр арми
Бастдзинæдтæ Луи-Наполеон Ланн
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Жан Ланн (фр. Jean Lannes; райгуырдис 1769-æм азы 10 апрелы Лектуры, Франц — амардис 1809-æм азы 31 майы Эберсдорфы, Австри) — францаг æфсæддон архайæг, Монтебеллойы 1-аг герцог (1808-æм азы 1 июнæй), Империйы маршæл (1804-æм азы 19-æм майæ), революцийы æмæ наполеонаг хæстыты хайадисæг.

Наполеон дзы афтæ дзырдта: «Ланнæн йæ æхсар йæ зондæй тыхджындæр у; фæлæ йæ зонд иу алы бон дæр райхъал ис, цæмæй æмуæзад сфидар уа; æз æй ссардтон дæлæмæдзыдæй, фесæфтон та уæйыгæй». 1796-97 италиаг кампанийы дыууæ хатты фервæзын кодта Наполеоны мæлæтæй. Фрацы истори иртасæг Манфред йын радта ахæм характеристикæ: «Ланн уыд Наполеоны æфсадфæтджыты хуыздæртæй иу. Хъæбатыр, комкоммæ дзурæг, цæхгæр, аккаг сси французаг æфсады Роланды ном хæссын». Æмæ дарддæр: «Хи разамынады рæстæджы разындысты йæ хуыздæр миниуджытæ».

Хæстон карьерæйы райдиан[ивын | Бындур ивын]

Жан Ланн, Бонапарты æмгар, райгуырдис Лектуры (Гасконь) зæхкусæг Жан Ланны хæдзары (Jean Lannes, 1733—1812), кæцы фæстæдæр сси буржуа. Жан Ланны ус уыд Сесиль Фуреньян (Cécile Fouraignan, 1741—1799), йын уыд 8 сывæллоны. Фыссын æмæ кæсын Жан сахур йæ хистæ æфсымæр Бернары фæрцы, кæцы дзæбæх ахуыргонд сси, бацыд семинаримæ æмæ сауджын сси. Революцион Францы хæст куы райдыдта европæйаг паддзахадтимæ, Жан ныууагъта йæ куыст æмæ 1792-æм азы 4 июны бацыд æфсадмæ Жеры департаменты волонтёрты 2-аг батальонмæ.

Йе ’мбæлттимæ иумæ йæ фыццаг арвыстой Ошмæ, йæ батальон кæм лæйууыд уырдæм. Уый фæстæ та Миреймæ, лагермæ Тулузæмæ ’ввахс, цæмæй йæ ахуыр фæуа. Лагеры разамонæг уыд инæлар Жан-Антуан Марбо. Ам базонгæ ис инæлар-адъютант Пьер Ожероимæ, кæцы фæстæдæр æсуыдзæн маршæл. Уыцы аз 20 июны æвзæрст æрцыд батальоны кæстæр лейтенантæй. Лагеры йæ сæргълæууæг сси лейтенант Пьер-Шарль Пузе, революцийы размæ паддзахадон æфсады Шампаны полчъы чи куыста. 2-й батальоны службæ кодтой Жаны дыууæ ’фсымæры. Йæ батальон уыд Скæсæн Пиренейты æфсады хай. 1793 азы 17 майы Сен-Лоран-де-Сердан æфцæгыл кæстæр лейтенант Ланн фыццаг хатт стох кодта испайнаг инæлар Рикардосы æфсæдтимæ. Тохы рæстæджы Ланны батальон удайст фæкодтой æмæ лидзынмæ фесты. Æвзонг офицер йæхи ныццавта лидзæг æфсæдтонты æхсæнмæ, баурæдта цæ æмæ фæстæмæ тохмæ арвыста. 1793 азы 25 сентябры йын радтой лейтенанты хуындад, 21 октябры — сси капитан. 1793 азы 30 октябры тохы рæстæджы фыццаг хатт фæцæф — Баньюльс-сюр-Меры тохы нæмыг йæ галиу къухыл сымбæлд. Виллелонгы тохы йæхи хорз равдыста. Уый тыххæй, 1793 азы 25 декабры, сси бригадæйы командир. Испании хæст куы фæцис, Ланн сси 105-æм линейон æрдæгбригадæйы разамонæг (1795-æм азы 16 июны), кæцы сси Италиаг æфсады хай. Лоанойы тохы 1795 азы 23 ноябры ногæй йæхи хорз равдыста.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Jean Lannes // GeneaStar
  2. Jean Lannes // Roglo — 1997.
  3. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  4. Jean Lannes, duc de Montebello // Encyclopædia Britannica (англ.)