Перейти к содержанию

Кырджалийы облæст

41°39′00″ с. ш. 25°22′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Облæст
Кырджалийы облæст
болг. Област Кърджали
41°39′00″ с. ш. 25°22′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Админ. центр Кырджали
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1999-æм азы 8 январы
Фæзуат 3216 км²
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Стырдæр сахартæ Кырджали, Момчилград
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BG-09
Посты индекстæ 6600–6999
Автомобилон код К

Официалон сайт
Кырджалийы облæст картæйыл
Кырджалийы облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Кы́рджалийы облæст (болг. Област Кърджали) у облæст Болгарийы хуссары. Административон центр у сахар Кырджали. Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3 216 км², ома бæстæйы территорийы 2,9 %[2].

Кырджалийы облæст æмарæн у:

Паддзахадон арæн облæсты разтæн стыр ахъаз у арæны сæрты æмгуыстад аразынæн. Облæсты территорийыл цæудзæн Æппæтевропæйаг транспортон къæлидор №9: ХельсинкиБетъырбухМæскуыПсковКиевЛюбашевкæКишинёвБухарестРусеДимитровградМаказæАлександруполис. Уыцы къæлидоры рацарæзт у облæсты администрацийæн хуыздæр фидæны ныфс[3].

Кырджалийы сахарæй Пловдивы аэропортмæ фæндаг у 100 км даргъ; хæстæгдæр порт, Бургасмæ, — 255 км; Грекъимæ арæныл арæнгæсты пост «Капитан Андреево»-мæ — 133 км. Ног хæстæгдæр арæнгæсты пост — Маказæ2011-æм азы октябрæй цæттæ у, фæлæ нæма кусы, уый тыххæй æмæ грекъаг фарсæй фæндаджы арæзтад нæмæ фæци карз кризисы аххосæй.

Облæсты ис зды æмæ цинчы æрзæт, къахынц æй. Облæсты цæрджытæ кусынц ма хъæдæрмæджы, згъæркуысты, текстилы, дарæсы, тамакойы æмæ æндæр индустриты.

Историон фенддæгтæ æмæ Скæсæйнаг Родопыты рæсугъд æрдз фæдат дæттынц туризмæн дæр. Облæсты бон у æдæппæт 900 туристты бæрц æрхонын.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]
Туркаг адæмы ахæлиу нырыккон Болгарийы картæйыл. Кырджалийы облæсты сты цæрджытæй фылдæр хай

Облæсты цæрджыты нымæц 2008 азы 15 июлмæ — 173 417 адæймаджы[4].

Сахар Кырджалийы йеддæмæ (50 868 цæрæджы[5]) облæсты ис æндæр цыппар сахары: Ардино (4439 цæрæджы), Джебел (3292 цæрæджы), Крумовград (5605 цæрæджы) æмæ Момчилград (9306 цæрæджы)[5]. Уыимæ ма Кырджалийы облæсты территорийыл ис 465 хъæуы[6].

Кырджалийы облæст у, туркаг адæм цæрджыты фылдæр хай кæм сты, Болгарийы иунæг ахæм территори. Бынæттон турк сты 105 мины бæрц, ома цæрджыты 63,6% (сахар Кырджалийы — 62%).

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у авд хъæубæстæйыл:

1902 азы Кырджалийы алфамбылай зæххыты этникон сконд. Сырхбын хуыз — туркаг цæрджытæ, цъæх — болгайраг. Зæронд болгайраг картæйы фрагмент
Хъæубæстæ Болгайрагау Туркагау Цæрджытæ[4]
(2008)
Ардино Ардино Eğridere [ейридере] 14 165
Джебел Джебел Cebel [джебел] 9 100
Кирково Кирково Kırkova [кыркова] 23 091
Крумовград Крумовград Koşukavak [кошукавак] 20 934
Кырджали Кърджали Kırcaali [кырджаали] 76 161
Момчилград Момчилград Mestanlı [местанлы] 19 666
Черноочене Черноочене Karagözler [карагёзлер] 10 300

Политикæ

[ивын | Бындур ивын]

Болгайраг Адæмон æмбырды (парламенты) Кырджалийы облæсты депутаттæ сты фондз, уыдонæй алчидæр туркаг адæмыхаттæй:

  • Ахмед Демир Доган
  • Лютви Ахмед Местан
  • Неджми Ниязи Али
  • Ремзи Дурмуш Осман
  • Юнал Тасим Тасим

Уыдонæй Али æмæ Доган æвзæрст сты фыццаг хатт, æндæртæ раздæры æрсидтыты дæр æвзæрст уыдысты[7].

Крумовграды центр, дарды фенæн ис мæзджыты дзылат. 2006 азы конд ныв
Морæхуыз сты, Топханейы бадзырдмæ гæсгæ Туркмæ чи бахауыдысты, уыцы зæххытæ

Кырджалийы облæст уыд автономон Скæсæн Румелийы сконды, цалынмæ 1886-æм азы нæ бацыд Османты империйы сæйраг зæххытæм Топханейы бадзырдмæ гæсгæ. Фæстæдæр хæдбар Болгарийы паддзахад уыцы зæххытæ фæстæмæ райста XX æнусы райдиан Балканы хæстыты фæстиуæгæн.


Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]


Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]