Перейти к содержанию

Испанийы æвзæгтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Испанийы æвзæгтæ
     Кастилиаг (Испайнаг)      Каталайнаг, официалон      Баскаг, официалон      Галисиаг, официалон      Астуриаг, æнæофициалон      Арагонаг, æнæофициалон      Арайнаг, официалон (окситайнаг æвзаджы диалект)

Испани у полиэтникон бæстæ. Уым кастилиæгтæй фæстæмæ ма цæрынц каталойнæгтæ, галисиæгтæ, баскæгтæ, окситайнæгтæ, астуриæгтæ, арагойнæгтæ, валенсиæгтæ. Уыдоны иу хай дзурынц сæ мадæлон æвзæгтыл (кæм фылдæр, кæм къаддæр). Валенсиæгтæ дзурынц каталойнаг æвзаджы диалектыл (йæ официалон ном — валенсиаг æвзаг). Каталойнаг æвзагыл ма дзурынц Балеары сакъадæхты.

Франкойы режимы заман бæстæйы чысыл этникон къордтæ цыдысты тыхассимиляцигонд, фæлæ уæддæр уыцы адæмты æвзæгтæ нæ сыскъуыдысты, иуæй-иутæн та фæстаг цалдæр дæс азы дæргъы райтынг ис æндидзыны дуг. Фæлæ Испанийы ис, æбæллиццаг хъысмæт кæмæн разынди, ахæм æвзæгтæ. Зæгъæн ис æмæ ныридæгæн сыскъуыди арагойнаг æвзаг. Арагойнагау ма дзурынц æрмæст цалдæр хъæуы.

Ассимиляци тынг фæбæрæг ис провинци Наваррæйы цæрæг баскæгтæм, фæлæ Баскæгты бæстæйы баскаг æвзагæн ис фидар позицитæ.

Испанийы зынгæ ахæлиу сты араббаг æмæ бербераг æвзæгтæ — Африкæйы Испанийæн цы дыууæ сахары ис, уыдоны, стæй бæстæйы стырдæр сахарты бирæты. Уымæй фылдæр бæстæмæ æрбацæуынц бирæ румынаг кусджытæ, Румыни Европæйаг Цæдисмæ куы бацыд, уыцы рæстæгæй, — уыдон дзурынц румынагау. Европæйы хъæздыгдæр адæм Испанийы хуссар былгæронмæ æрбацæуынц-иу сæ фæллад уадзынмæ, уыдонæй иуæй-иутæ дзы æдзух цæрынц, фæзыны сæм иувзагон цæрæнрæттæ, суанг иу чысыл финнаг цæрæгран дæр.