Арайнаг æвзаг
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Арайнаг æвзаг (окс. aranés) у гаскойнаджы диалект (ромайнаг æвзæгты къордмæ хауæг окситайнаг æвзаджы вариант; æмбæлы Францы хуссары). Дзурынц йыл ком Валь-д’Аран-ы Испанийы. Район Валь-д’Аран-ы йын ис официалон статус æмæ 1984-æм азæй фæстæ йæ ахуыр кæнынц скъолаты. Комы цæрджыты сæ 90% æмбарынц æй, сæ 65% та — дзурынц арайнагау.
Арайнæгты сæ фылдæр хай ма æнцонæй дзурынц каталойнаг, испайнаг æмæ францаг æвзæгтыл.