Дюмезиль, Жорж
Жорж Дюмезиль | |
---|---|
фр. Georges Dumézil | |
Райгуырды датæ | 1898-æм азы 4 мартъийы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1986-æм азы 11 октябры[1][2][…] (88 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | филологи æмæ мифологи |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | агреже по истории[d] æмæ филологон зонæдты доктор[d] (1924) |
Зонадон разамонæг | Антуан Мейе[d][5] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Жорж Дюмезиль (фр. Georges Dumézil; райгуырдис 1898 азы 4 мартъийы — амардис 1986 азы 11 октябры) уыдис францаг мифолог æмæ лингвист.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Дюмезиль ахуыр кодта Уæлдæр нормалон скъолайы Парижы. Йæ зондахастыл бандæвта Антуан Мейейы зонадон хъуыдытæ. Йæ диссертацийы Жорж бацархайдта равдисын, æнæмæлæт чи дæтты, уыцы бердзенаг амбрози æмæ индиаг амритæ равзæрдысты праиндоевропæйаг уидагæй. Йæ ахæм хъуыдытæм академион æхсæнад фауæг ахаст кæй бадардтой, уый тыххæй Дюмезиль 1925 азы ацыдис кусын Стамбулы университеты ахуыргæнæгæй. Уым Жорж сцымыдис ис кавказаг æвзæгтæм, райдыдта ахуыр кæнын убыхаг æвзаг. Уыцы хъуыддаджы йын æххуыс кодтой, XIX æнусы Туркмæ алидзджыты байзæддæгтæй ма убыхагау цы стæм адæймæгтæ дзырдтой, уыдон. Ноджы ма Дюмезиль иртæста ирон адæмы эпос, æмæ уым ссардта диссаг параллельтæ кельтаг таурæгътимæ. 1978-æм азы Дюмезилы равзæрстæуыд Францы академийы уæнгæй. 1984-æм азы ахуыргонды схорзæхджын кодтой Чино дель Дукайы премийæ.
Æртæ функцийы теории
[ивын | Бындур ивын]Дюмезиль æмæ йе скъолайы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй рагон индоевропæйаг æхсæнад арæзт уыдис æртæфункцион фæлтæрæй: зонды куыстгæнджытæй (дзуарылæгтæ, тæрхоны лæгтæ, арфæтæгæнджытæ, хингæнджытæ æмæ афтæ дарддæр), тыхы куыстгæнджытæй (хæстон адæм æмæ æфсæддон разамонджытæ), æмæ хæдзарадон кусджытæй (зæхкусджытæ, фосдарджытæ æмæ афтæ дарддæр). Ирон адæм дæр индоевропæйæгты иу хай сты, æмæ уымæ гæсгæ ацы фæд ахуыргонд уыдта нарты кадджыты: ам æхсæнадон фæлтæртæ ралæууыдысты мыггæгты хуызы — Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ. Дюмезилы хъуыдымæ гæсгæ, рагон индоевропæйæгтæм зæдтæ æмæ дауджыты дуне арæзт уыдис æнгæс модельмæ гæсгæ. Цæвиттон, рагон ромæгтæн сæ сæйраг хуыцæуттæй Юпитер, Марс æмæ Квирин æххæст кодтой уыцы æртæ функцийæ фæйнæ иуы, ома Юпитер — фыццаг (зонды) функци, Марс— дыккаг (ома тыхы) функци, æмæ Квирин та — æртыккаг. Рагон индийæгтæм — Митрæ (кæнæ Варунæ), Индрæ æмæ дыууæ Насатьяйы, рагон славяйнæгтæм — Свантовит, Перун æмæ Велес æмæ афтæ дарддæр.
Куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]Дюмезиль у 40 чиныгæй фылдæры автор. Уыдонæй сæ ахсджиагдæртæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгонд нæм сты.
Уырыссаг рауæгъдтытæ
[ивын | Бындур ивын]- Осетинский эпос и мифология (Серия «Исследования по фольклору и мифологии Востока»). — М.: Наука, 1976. — 276 с.
- Верховные боги индоевропейцев (Серия «Исследования по фольклору и мифологии Востока»). — М.: Наука, 1986. — 234 с.
- Скифы и нарты / Сокр. пер. с фр. А. З. Алмазовой. — М.: Наука. 1990. — 231 с.
- Дюмезиль Ж. Доклады Сочинского отдела географического общества СССР. Выпуск I. — Л., 1968; вып. II, Л., 1971.
Ахуыргонд мысынæн
[ивын | Бындур ивын]Жорж Дюмезилы ном хæссы 45-æм гимназ Дзæуджыхъæуы.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- В. И. Абаев. Жорж Дюмезиль // Ж. Дюмезиль. Скифы и нарты. Москва: Наука, 1990, с. 224–228.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Georges [Edmond Raoul] Dumézil // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ 2,0 2,1 Georges Dumézil // Roglo — 1997.
- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Список профессоров Коллеж де Франс
- ↑ https://cths.fr/an/savant.php?id=111275#