Довлатов, Сергей Донаты фырт
Сергей Донаты фырт Довлатов | |
---|---|
уырыс. Сергей Донатович Довлатов | |
Гуырæн ном | уырыс. Сергей Донатович Мечик |
Райгуырды датæ | 1941-æм азы 3 сентябры[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1990-æм азы 24 августы[1][2][…] (48 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг, журналист, экскурсовод, корреспондент, сæйраг редактор |
Сфæлдыстады азтæ | 1960 — |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг[4] æмæ англисаг |
Викикъæбицы медиа |
Довла́тов Серге́й Дона́ты фырт (паспорты — Довла́тов-Ме́чик; 1941-æм азы 3 сентябры, Уфа, ССРЦ — 1990-æм азы 24 августы, Нью-Йорк, АИШ) — уырыссаг фыссæг æмæ журналист.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Довлаты-фырт райгуырди 1941 азы 3 сентябры, Уфайы, театры режиссёры бинонты, дзуттаг Мечик Исаачы фырт Донаты (1909-1995) æмæ сомихаг Довлатова Норæ Степаны чызджы (1908-1999). Йæ ныййарджытæ, хæст куы райдыдта, уæд, эвакуацигонд уыдысты Башкиры АССР-мæ æмæ æртæ азы цардысты НКВД-йы кусджысты хæдзары, Гоголы у. 56-ы.
1944-æм азæй царди уæды Ленинграды. 1959-æм азы бахауд финнаг æвзаджы хайадмæ Ленинграды паддзахадон университеты филологон факультетмæ æмæ дзы дыууæ ’мæ ’рдæг азы фæцахуыр кодта. Хъæрмтты уыди ленинградаг поэттимæ Евгений Рейнимæ, Анатолий Найманимæ, Иосиф Бродский æмæ фыссæг Сергей Вольфимæ, нывгæнæг Александр Неждановимæ. Университетæй хыгъдист æрцыд йе ’нæнтыстынады тыххæй.
Стæй æртæ азы армийы, мидæфсæдты, срæстмæгæнæн колонийы хъаккæнады Республикæ Комийы (посёлок Чиньяворык). Бродскийы мысинæгтæм гæсгæ, Довлатов æфсадæй æрцыди «куыд Толстой Хъырымæй, уацмысты тыхтонимæ æмæ цæйдæр уыргъуыйау бакастимæ».
Сергей та бахауд ЛПУ-йы журналистикæйы факультетмæ, куыста Ленинграды науамайæн институты студентон бирæтиражон «За кадры верфям»-ы, фысста радзырдтæ. Хуындæуыд группæ «Горожане»-мæ, Марамзин, Ефимов, Вахтин æмæ Губины бындурамад. Верæ Пановайы литературон нымæрдарæй дæр куыста.
1972-æм азы сентябрæй 1975-мæ царди Эстонийы. Цалынмæ Таллины пропискæ нæ райста, уæдмæ иу-дууæ мæйы куыста агдоны æртгуызæй, афтæмæй ма газет «Советон Эстони»-йы нæштатон корреспондент дæр уыди. Фæстæдæр æй, Эстойнаг денджызон науадæй мыхуыргонд газет «Эстонийы наудзог»-мæ айстон кусынмæ æмæ дзы бæрнон нымæрдары бынаты бадт. Уыдис нæштатон æмвæллойæг горæты газет "Изæрыгон Таллин"-ы. 1972 азы, сæрды, газет «Советон Эстони»-мæ куыстмæ ист æрцыд информацийы хайадмæ. Йæ «Компромисс»-чиныгмæ цы радзырдты бацыдысты, уыдоны Довлатов йæ журналистикон практикæйы хабæрттæ кæны, «Советон Эстонийы» корреспондент уæвгæйæ, æмæ ма зæгъы редакцийы куыстыл, йæ коллегæ-журналистты царды тыххæй. Йæ фыццаг чиныг «Пять углов»-ы набор ын чиныгуадзæн «Ээсти Раамат»-ы бабын кодтой Эстонийы КГБйы бардзырдмæ гæсгæ.
Псковы бын цы Михайловское ис, уым куыста экскурсигæсæй Пушкины æрдзæвæрæны.
1975-æм азы æрыздæхт Ленинградмæ, Куыста журнал «Костёр»-ы.
Фысста прозæ. Журналтæ-иу ын нæ истой йæ уацмыстæ. Кондадон темæйыл радзырд «Интервью» ныммыхуырдæуыд 1974 азы, журнал «Юность»-ы.
Довлатов самиздаты дæр публикацидзыд уыди, ноджы ма эмигрантон журнæлтты «Континент», «Время и мы».
1976-æм азы ССРЦ-йы Журналистты цæдисæй хыгъдист æрцыди.
1978-æм азы, æвластъы фыдахасты тыххæй æд бинонтæ Америкæмæ алыгъдысты, æмæ æрцардысты Форест-Хилз районы, Нью-Йорчы, кæм сси сæйраг редактор æрвылкъуыри газет "Ног америкæйæджы". Йæ редколлегийы уæнгтæ уыдысты Бориc Меттер, Александр Генис, Пётр Вайль, балетон æмæ театралон нывисæг Нина Аловерт, поэт æмæ эссеист Григорий Рыскин æмæ æнд. Газет тагъд сси популярон эмигрантты ’хсæн. Иу иннæйы фæдыл цыдысты йæ прозæйы чингуытæ. 1980-ты æмбистæм ын стыр чиныгкæсон æнтыстытæ бафтыд йæ къухмæ, мыхуырдæуыд престижон журнæлтты «Партизан Ревью» æмæ «The New Yorker».
Эмиграцийы 12 азмæ йын рацыди дыууæдæс чиныджы АИШ æмæ Европæйы. ССРЦ-ы йæ самиздатæй зыдтой æмæ ма Радио "Свобода"-йы авторон алæвæрдæй.
Сергей Довлатов амарди 1990 азы 24 августы Нью-Йорчы, зæрдæйы хъуагадæй. Ныгæд у Нью-Йорчы район Квинсы, дзуттаг уæлмæрд "Маунт Хеброн"-ы цы сомихаг хай ис, ум.
Хидзард
[ивын | Бындур ивын]Официалон æгъдауæй Сергей Довлатов ус куырдта дыууæ хатты. Йæ фыццаг ус уыди Ася Пекровская, сæ къайад 1960-æй 1680 азы онг ахаста. 1970 азы, Асяимæ куы ахицæн ис, уый фæстæ йын райгуырд чызг Мария Пекуровская, ныр Universal Pictures-ы компанийы рекламон хайы вице-президент у. Дыккаг у, Еленæ Довлатовайæ йын уыди дыууæ хъæбулы — Екатеринæ (1966 а.г.) æмæ Николай (Николас Доули, 1984 а.г.), кæдон АИШ-ы гуырд æрцыдысты. Ис ма йын чызг Александрæ (1975 а.г.) — граждайнаг ус Тамар Зибуновайæ.
Уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]Цардафон рауагъдтæ ССРЦ-йы йын иу текст дæр нæ уыд мыхуыры, суанг 1978 азмæ, Довлатов йе сфæлдыстады рамыхуыр æмæ коррекци кæнын нæ уагъта. Чингуыты номхыгъд, кæдон рауагъдæсты йæ комкоммæ, кæнæ та йæ фæрссаг хайадистæй:
- Невидимая книга. — Ann Arbor: Ардис, 1977, 1980 ææ.
- Компромисс. — Нью-Йорк: Серебряный век, 1981 аз.
- Зона: Записки надзирателя. — Ann Arbor: Эрмитаж, 1982 аз.
- Заповедник. — Ann Arbor: Эрмитаж, 1983 аз.
- Марш одиноких. — Holyoke: New England Publishing Co, 1983 аз.
- Наши. — Ann Arbor: Ардис, 1983 аз.
- Соло на ундервуде: Записные книжки. — 2-аг рауагъд, æхх. — Holyoke: New England Publishing Co, 1983 аз.
- Демарш энтузиастов (æмавт. В. Бахчанян, Н. Сагаловский). — Париж: Синтаксис, 1985 аз.
- Ремесло: Повесть в двух частях. — Ann Arbor: Ардис, 1985 аз.
- Иностранка. — New York: Russica Publishers, 1986 аз.
- Чемодан. — Tenafly: Эрмитаж, 1986 аз.
- Представление. — New York: Russica Publishers, 1987 аз.
- He только Бродский: Русская культура в портретах в анекдотах (æмавт. М. Волкова). — New York: Слово — Word, 1990 аз.
- Записные книжки. — New York: Слово — Word, 1990 аз.
- Филиал. — New York: Слово — Word, 1990. Журналон публикаци: «Звезда», № 10, 1989 аз.
Иуæй-иу фæсмæлæт рауагъдтæ
[ивын | Бындур ивын]- Заповедник. — Л.: Васильевский остров, 1990 аз.
- Зона; Компромисс; Заповедник. — М.: ПИК, 1991 аз.
- Сергей Довлатов Прозæйы æмбырдæг æртæ томы. — Лимбус-пресс, СПб, 1995 аз. — ISBN 5-8370-0307-X.
- Сергей Довлатов Малоизвестный Довлатов. æмбырдæг, иллюстрацитæ Александра Флоренскийы. — АОЗТ «Журнал „Звезда“», СПб, 1995 аз. — ISBN 5-7439-0021-3.
- Сергей Довлатов Уацмысты æмбырдæг, 4 томы. — Азбука-Классика, СПб, 2003-2004 ææ. — ISBN 5-352-00079-6.
- Уроки Чтения. Филологическая проза. — СПб.: Азбука, 2010 аз. — 384 с. — ISBN 978-5-9985-0845-5. (Фыссæн чингуыты фыццаг комментаригонд рауагъд æмæ литерæтурæйл эссе)
- С.Довлатов. Жизнь и мнения. æвзæрст рафысс-бафыссæнтæ. СПб.: Журнал «Звезда», 2011 аз. 384 с., 5000 экз., ISBN 978-5-7439-0156-2
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Sergej Dovlatov // Store norske leksikon (бук.) — 1978. — ISSN 2464-1480
- ↑ 2,0 2,1 Sergueï Dovlatov // Babelio (фр.) — 2007.
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.