Перейти к содержанию

Гранмæ (яхтæ)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гранмæ (исп. Granma — «стыр мад») у, 1956-æм азы кубæйаг революционертæ рахызтысты Кубæйы былгæронмæ кæмæй рахызтысты, уыцы моторджын яхтæ.

«Гранмæ» у 18-метрон яхтæ, арæзт æрцыдис 1943-æм азы æмæ йæ бæрц уыдис 12 адæймагыл нымад. 1956-æм азы 10 октябры фæсаууонмæ æлхæд æрцыд кубæйаг диссидентты къордæй Фидель Кастройы фарслæуджытæй 15 мин мексикæйаг доллæрæй америкаг компани «Schuylkill Products Company, Inc». Фæстæдæр 25 ноябры «Гранмæ» рацыд Мексикæйы порт Туспанæй æмæ 2 декабры сакъадах Кубæмæ бахæццæ кодта 82 адæймаджы. Уыдонимæ уыдысты Эрнесто Че Гевара, Камило Сиэнфуэгос, Рауль Кастро æмæ Кубæйы революцийы æндæр архайджытæ. Сакъадахмæ рахизгæйæ сæ уайтагъд ссардтой Кубæйы диктатор Фульхенсио Батисты æфсæдтæ. Фиделы къорды баззадис 12 адæймаджы, æнæуый та фервæзтысты 17-æй. Ныр яхтæ «Гранмæ» у Революцийы Музейы хай.

Яхтæйы ном æвæрд æрцыдис: