Гомер

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд

Гомер (гр. Ὅμηρος) уыд Рагон Грецийы поэт-кадæггæнæг, уырнинаг ис æмæ уый у «Илиадæ» æмæ «Одиссея»-йы автор. Гомеры царды тыххæй ницы зонындзинæдтæ ис. Бæрæг у, «Илиадæ» æмæ «Одиссея» æрымыст сты, уыдон цы цаутæ сфыссынц, уыдонæй дзæвгар фæстæдæр. Уымæй базонæн ис, Гомер кæй нæ эрæйы агъоммæ XII-VII æнустæй иуы царди, уый.

Кæм райгуырд, уый дæр барæг нæу. Йæ райгуырæн сахар сæхи хуыдтой авд сахары: Смирнæ, Хиос, Колофон, Саламин, Родос, Аргос, Афинæтæ. Геродот æмæ Павсаний куыд фыстой, Гомер фæзиан Иосы сакъадахыл.