Беоргор

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Беоргор
лат. Beorgor
Аланты паддзах
464-æм азы агъоммæ

Амардис 464-æм азы 6 февралы

Беоргор (лат. Beorg rex Alanorum; амардис 464-æм азы 6 февралы) уыдис рагон аланты паддзах, архайдта V æнусы. Беоргор æлдариуæг кодта, ныры хуссар-ныгуылæн Францы кæй æрцæрын кодтой, уыцы алантыл[1]. Уыдысты Ромы империйы федераттæ, ома сæ хæс уыдис империйы арæнтæ хъахъхъæнын.

Æнæзонгæ аххосæй Беоргор йе ’фсæдтæ хуссарырдæм Италимæ акодта, империимæ цæдисон ахæстдзинæдтæ фехæлдта æмæ та амардис 464-æм азы февралы ромæгты æфсады ныхмæ тохы Бергамойы цур.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Иордан. О происхождении и деяниях гетов (гл. 236).