Бенгайлаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бенгайлаг æвзаг
Хином
Бæстæтæ Инди, Бангладеш
Официалон статус штат Ныгуылæн Бенгали æмæ Бангладеш
Æдæппæт дзурджыты нымæц 215 млн
Рейтинг 6
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг мыггаг

Индоирайнаг уæлкъабаз
Индоариаг къабаз
Бенгайлаг-ассамаг къорд
Фыссынад бенгайлаг (бонгаккхор)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 bn
ISO 639-2 ben
ISO 639-3 ben
ГОСТ 7.75–97 бен 100
WALS ben
Ethnologue ben
Linguasphere 59-AAF-u
ABS ASCL 5201
IETF bn
Glottolog beng1280
Википеди ацы æвзагыл

Бенгайлаг æвзаг кæнæ бенга́ли (বাংলা, [baŋla]) у бенгайлаг адæмы æвзаг, индоариаг æвзæгтæй иу. Дзурынц ыл Бенгалийы регионы (Бангладешы æмæ Индийы штат Ныгуылæн Бенгалийы), уымæй фылдæр бенгайлæгтæ цæрынц Индийы штаттæ Ассам, Бихар æмæ Ориссæйы. Æдæппæт дзурджыты нымæц у 215 милуаны бæрц, уымæй у дунейы 6-æм æмæ Индийы 2-æм стырдæр æвзаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Æвзаджы рагондæр дуг уыдис XXII æнусты. XIX æнусы кæронмæ, Бенгайлаг сæндидзæны рæстæг, фæзынди ног бенгайлаг æвзаг, адæмон ныхасмæ хæстæгдæр чи уыд, ахæм. Инди æмæ Пакистан дины критеримæ гæсгæ дихгонд куы ’рцыди, уæд Бенгалийы скæсæны (Скæсæн Пакистан, стæй Бангладеш) бенгайлаг æвзаджы фæзындысты йæхи хицæндзинæдтæ, дзæвгар фылдæр дзы пайда кæнынц араббаг æмæ персайнаг дзырдтæй.

«Шахид-минар», бенгайлаг æвзаджы статусы сæраппонд чи фæмард, уыдоны мысынæн цыртдзæвæн Даккæйы

1971-æм азы цы бенгайлаг æвзаджы статусыл тох æрцыди, уымæй райрæзти, Пакистанæй чи ахицæн, уыцы хæдбар Бангладешы паддзахад.

Бенгайлаг æвзаг æмæ маратхаг æвзаджы баззад, санскритæй чи фæзындысты, фылдæр ахæм дзырдтæ.

Фыссынад[ивын | Бындур ивын]

Бенгайлаг фыссынад у, Индийы æндæр æвзæгты æнгæс, брахмийы фыссынады бындурыл æмæ хуыйны бонгаккхор. Уыцы фыссынадæй пайда кæнынц иуæй-иу æндæр æвзæгтæ — зæгъæм, ассамаг æвзаг.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Быкова Е. М., Бенгальский язык, М., 1966;
  • Klaiman, M. H. 1987. Bengali, in Bernard Comrie (ed.), The World’s Major Languages, Croon Helm, London and Sydney, pp. 490—513.
  • Masica, C. 1991. The Indo-Aryan Languages. Cambridge Univ. Press.
  • Radice, William. 1994. Teach Yourself Bengali: A Complete Course for Beginners.Hodder Headlin, Ltd., London.
  • Ray, P, Hai, M.A. and Ray, L. 1966. Bengali language handbook. Center for Applied Linguistics, Washington.
  • Sen, D. 1996. Bengali Language and Literature. International Centre for Bengal Studies, Calcutta.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Википеди
Википеди

Википедийы ис хайад
бенгайлаг æвзагыл