Перейти к содержанию

Батумы ботаникон парк

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сау денджызы уынд паркæй

Батумы ботаникон парк (бæласдон) (гуырдз. ბათუმის ბოტანიკური ბაღი) у Гуырдзыстоны стырдæр ботаникон парк, йæ фæзуат у 111 га. Ис Батумæй 9 км æддæдæр, æфсæнвæндаджы станцæ Кæрдæгцъæх сынæджы (уырыс. Зеленый мыс) цур.

Батумы ботаникон парчы бындур æрæвæрдта уæрæсейаг ботаник æмæ географ Андрей Николаевич Краснов (инæлар П.Н. Красновы æфсымæр) 1880-æм азы, официалон æгъдауæй та байгом чынди 1912-æм азы 3 ноябры. Йæ сæйрагдæр нысаныл Краснов нымадта ахæм: хæдзарады бæзгæ субтропикон зайæгойты уымы бæстыхъæдыл сфæлтæрын кæнын æмæ сæ райдайын зайын кæнын Уæрæсейы хуссар районты.

Гуырдзыстоны Советон тыхбар куы сфидар ис, уæддæр парк дарддæр рæзыд. ССР Цæдисы хицауады 1925-æм азы 30 июлы уыннафæмæ гæсгæ Батумы ботаникон парк нымад æрцыд, Сау денджызы былгæрон субтропикон культурæтæ (цайгæрдæг, цитрусонтæ æмæ æнд.) чи рæзын кæндзæн, паддзахады уыцы бындурон зонадон уагдоныл.

Дзелква

XXI æнусы райдианы парчы уыди 9 флористон хайады:

  • Фæскавказы уымæл субтропиктæ,
  • Ног Зеландийы,
  • Австралийы,
  • Гималайты,
  • Скæсæн Азийы,
  • Цæгат Америкæйы,
  • Хуссар Америкæйы,
  • Мексикæйы,
  • Зæххастæуы денджызы.

Парчы цардæгас зайæгойты коллекцийы ис 5 мин хуыз, мыггаг æмæ формæйæ фылдæр, уыимæ бæлæстæ æмæ цъыхырыты 2 мин хуызмæ æввахс.

Парчы ис 5 зонадон хайады:

  • зайæгойты интродукци,
  • дидинæггуыст æмæ декоративон дыргъгуысты,
  • субтропикон зайæгойты селекци,
  • зайæгойты физиологи æмæ биохимийы,
  • ботаникæйы.

Батумы ботаникон парк раздæр уыди Гуырдзыстоны зонæдты академийы дæлбар, фæлæ 2006-æм азæй у хæдбар уагдон.