Перейти к содержанию

Абовян, Хачатур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хачатур Абовян
сом. Խաչատուր Աբովյան
Райгуырды датæ 1809-æм азы 15 октябры(1809-10-15)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1848-æм азы 14 апрелы(1848-04-14)[1][3][…] (38 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз этнографи æмæ фольклористикæ[d]
Куысты бынат
Альма-матер
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хачатур Аветисы фырт Абовян (сом. Խաչատուր Աբովյան; райгуырдис 1809-æм азы 15 октябры, Канакер1848-æм азы 14 апрелы æвæд сæфт фæкодта) — зындгонд сомихаг фыссæг, нырыккон сомихаг æвзаг æмæ ног сомихаг литературæйы бындурæвæрæг, педагог, этнограф, рухстауæг.

Абовяны роман «Сомихы цæфтæ» литературæмæ бауагъта нырыккон сомихаг æвзаг, уый агъоммæ сомихагау чи фыста, уыдон пайда кодтой æвзаджы рагон формæйæ, грабарæй.

Абовян ма хорз зыдта курдаг æвзаг, курдаг адæмы цардыуæг æмæ фольклор. Æппæт уыдæтты тыххæй фыста уырыссагау, Тифлисы газет «Кавказ»-ы чи мыхуырæй цыдысты, йæ уыцы уацты.

Ереваны паддзахадон педагогон университет хæссы Хачатур Абовяны ном.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]