Æрвцъæх мæзджыт (Тебриз)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æрвцъæх мæзджыт (перс. مسجد کبود Masjed-e Kabud, азерб. Göy məscid) у зындгонд рагон мæзджыт сахар Тебризы (Иран). Уый, стæй æндæр цалдæр æхсæнадон бæстыхайы арæзт æрцыдысты 1465-æм азы Кара-Коюнлуйы сæргълæууæг сах Джаханайы бардзырдмæ гæсгæ. Мæзджыт дзæвгар хъыгдард баййафта 1779-æм азы зæххæнкъуысты — агъуыстæй ма баззади æрмæст бацæуæны сис.

1973-æм азы Ираны культурæйы министрады цæстдардæй райдыдта, ныронг дарддæр чи цæуы, мæзджыты ахæм реконструкци.