Æмбисонд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æмбисонд (бирæон нымæц: æмбисæндтæ‎) у чысыл хъуыдыйæдтæй арæзт адæмон сфæлдыстады хуыз. Æмбисæндтæ адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ æвдисынц сæ цыргъ зонд æмæ хъуыдытæ.

Дæнцæгтæ[ивын | Бындур ивын]

А

Абон умæн йæ дуг, дæлæ кoмæй йæ дугъ.
Абоны зонд дæу, райсомы зонд мæн.
Абон уал сусу-бусу, райсом æй a ком фехъусдзысты.
Абырæг лæг нæмыгæй нæ тæрсы.
Абырæглæгæн хъæбæр дур йæ нывæрзæн, хус сыфтæр йæ лыстæн, лæгæт йæ хæдзар, цыбыр йæ цæрæнбон.
Ацы хадт мæ мыды къæм ныххауди.
Ацы дуджы зæронд фегадис.
Адæм куы зæгъой æмхуызон, «сохъхъуыр дæ», уæд дæ иу цæст бацъынд кæн.
Адæм бирæ æрæмбырдис: арвæй фæткъуы куы ’рхауа, уæд зæхмæ не ’рхæццæ уыдзæн.
Адæм кæрæдзиæн хос дæр сты æмæ фыд дæр.
Адæмы фарн бирæ у.
Адæм лæг рафæлдисæг не сты, фæлæ ном æвæрæг сты.
Адæймаджы хуылфы ис хæйрæг æмæ йын ис æмбæрзæнæн худинаг. Уыцы худинаг æй уæлæмæ скæсын нæ уадзы адæмы амондæн.
Адæмы астæу дæ бынат ссар æмæ ахæм ран æрбад, — «дæлæдæр абад» дын куыннæ зæгъой.
Адæмæн се ’ппæтыл хур дæр не ’xxæссы.
Адæймаг сывæллонæй æвзалытæ дæр хæры.
Адæймаджы цард уалдзыгон дидинæгау у.
Арв куыд нæры афтæ нæ цæвы.
Аргъау - тындзаг, аргъаугæнæг - фæлмæцаг.
Арсæй куы тæрсæй уæд хъæдмæ мæ цу.

Æ

Æцаг лæг уый у, рæстдзинад кæмæ ис.

Д

Дæхи базонын дæ куы фанда, уæд адæмы бафæрс.

Л

Лæугæ дон хъуына кæны.

Н

Ныббарын чи зоны, æмбулгæ дæр уый кæны.

Ч

Чи цал æвзыджы зоны, уал лæджы у.
Чи цы агуыры уый ссæры.