Чанакья
Чанакья | |
---|---|
Гуырæн ном |
санскр. Kauṭilya or Vishnu Gupta корн. Kauṭilya корн. Vishnu Gupta |
Райгуырды датæ | 375 нæ э. а. |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 283 нæ э. а. |
Мæлæты бынат | |
Архайды хуыз | фыссæг, философ, экономист, ахуыргæнæг, астролог, уынаффæгæнæг, политик |
Уацмысты æвзаг | санскрит[1][2] |
Викикъæбицы медиа |
Чанакья (санскр. चाणक्य IAST: Cāṇakya; цардис 370—283 азты нæ эрæйы агъоммæ), зындгонд у куыд Каутилья, Вишнугуптæ æмæ Ватсьяянæ дæр — уыд Индийы историйы зындгонддæр брахмантæй иу, æлдариуæггæнæг мыггаг Нандæйы дæрæн кæныны ахсджиаг архайæг. Уыд хинæйдзаг æмæ зондджын, дырыс политикон æнкъарæны хицау, абарынц æй-иу, 1800 азы фæстæдæр йæ куыстытæ чи фыста, уыцы философ Макиавеллиимæ. Чанакья фыста политикæйы тыххæй, хи дарын куыд хъæуы, уый тыххæй дæр, ныффыста дунейы фыццаг чиныг сæрмагонд службæты тыххæй[3].
Чанакья кæм райгуырдис, уый бæрæг нæу, уый тыххæй ис цалдæр теорийы. Иу текстмæ гæсгæ йæ райгуырды бынат у Таксилæ. Джайнаг къухфыстытæм гæсгæ та уый рацыд Хуссар Индийæ. Йæ фыды ном дæр иутæ зæгъынц Чанин уыди, иннæтæ та — Чанак (æмæ, дам, уый тыххæй йæ ном у Чанакья).
Чанакья ахуырад райста Таксилæйы, Индийы цæгат-ныгуылæны, ныртæккæ уый Пакистанмæ хауы. Фæстæдæр уый ахуыргæнæгæй куыста уыцы иу ран. Фæстæдæр уый сси троны бындар Биндусарæйы ахуыргæнæг æмæ æххуысгæнæг.
Иу легендæмæ гæсгæ Чанакья амардис йæхи фæндонæй, джунглимæ ацыдис æмæ ницы хордта, цалынмæ æххормæгæй нæ амардис, уæдмæ. Иннæ таурæгъмæ гæсгæ зæронд Чанакья базыдта, паддзах уымæ кæй рамæсты ис, уый — æмæ йæхи амардта.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Identifiants et Référentiels (фр.) — ABES, 2011.
- ↑ CONOR.Sl
- ↑ Mabbett, I. W. The Date of the Arthaśāstra(англ.) // Journal of the American Oriental Society : journal. — American Oriental Society, 1964. — Vol. 84, no. 2. — P. 162—169. — doi:10.2307/597102. — .