Филипп де Коммин
Филипп де Коммин | |
---|---|
фр. Philippe de Commynes | |
Райгуырды датæ | 1447[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1511 |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | дипломат, историк |
Викикъæбицы медиа |
Филипп де Коммин (фр. Philippe de Commynes кæнæ Philippe de Commines; райгуырдис 1447-æм азмæ æввахс, Фландри — амардис 1511-æм азы 18 октябры) уыдис францаг дипломат æмæ историк, къаролтæ Людовик XI æмæ Карл VII-æмы уынаффæгæнæг. Нымад у нырыккон историографийы бындурæвæрджытæй иуыл; у, фыццаг францаг мемуарты (мысинæгты) автор.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Филипп де Коммин райгуырдис 1447-æм азы, йæ бинонтæ уыдысты Фландрийы бæстæгтæ. Æхсарджын Карлмæ службæ кæнынмæ æрцыдис 1464-æм азы. 1467-æм азы йын лæвæрд æрцыдис рыцары ном. Уыцы азы Филипп бацыдис герцоджы æввахсдæр адæймæгты къордмæ æмæ сси йæ æууæнкджын уынаффæгæнæг. 1468-æм азы Коммин алыгъдис Людовик XI-æмы ’рдæм.
Мемуартæ
[ивын | Бындур ивын]Йæ мемуартыл Коммин кусын райдыдта 1489-æм азы, Вьенны архиепископ Анджело Катойы курдиат æххæстгæнгæйæ. Коммины мысинæгтæ дихгонд сты дыууæ хайыл: фыццаджы ис 6 чиныджы æмæ дзы дзырдæуы Æхсарджын Карлы æмæ Людовик XI-æмы хицауиуæджы тыххæй, дыккаджы ис 2 чиныджы æмæ дзы æвдыст æрцыдис Карл VIII-æмы балц Италимæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.