Перейти к содержанию

Тихвинкæ (цæугæдон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тихвинкæ
Кæм кæлы Ленинграды облæст
Гуырæн Еглинойы цад
Донæфтæн Сясь
Дæргъ 144 км
Бассейны фæзуат 2140 км²

Ти́хвинкæ (уырыс. Тихвинка) у цæугæдон Ленинграды облæсты скæсæны. Ууыл лæууы сахар Тихвин. Цæугæдоны дæргъ у 144 километры, уый цæуы Еглинойы цадæй цæугæдон Сясмæ.

XIX æнусы Тихвинкæ уыд Тихвины доны системæйы хай, ууыл уыди 48 шлюзы. Йæ ахадындзинад фæкъаддæр, Волгæ-Балты доны фæндаг арæзт куы фæци, уæдæй. 1966-æм азæй системæйæ нал пайда кæнынц, Тихвинкæ нал у наудзон цæугæдон.

Тихвинкæйы дыууæ былыл лæууы рагон уырыссаг сахар Тихвин.