Перейти к содержанию

Сент-Экзюпери, Антуан де

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Антуан де Сент-Экзюпери
фр. Antoine de Saint-Exupéry[1]
Гуырæн ном фр. Antoine Jean-Baptiste Marie Roger de Saint-Exupéry[6][7]
Райгуырды датæ 1900-æм азы 29 июны(1900-06-29)[2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1944-æм азы 31 июлы(1944-07-31)[4][5][…] (44 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз тæхæг, романист, сывæлæтты фыссæг, фыссæг, журналист, иллюстратор, философ, поэт
Сфæлдыстады азтæ 1926—1944
Здæхт романтизм
Жанр фантастикæ, драмæ, документалистикæ, поэзи
Уацмысты æвзаг францаг[11]
Автограф Подпись
antoinedesaintexupery.com
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Антуа́н Мари́ Жан-Бати́ст Роже́ де Сент-Экзюпери́ (фр. Antoine Marie Jean-Baptiste Roger vicomte de Saint-Exupéry; райгуырдис 1900-æм азы 29 июны Лионы — амардис 1944-æм азы 31 июлы) уыдис францаг фыссæг, журналист, поэт æмæ профессионалон тæхæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис 1900-æм азы 29 июны Лионы аристократон бинонты æхсæн. Уый уыдис граф Жан де Экзюперийы æртыккаг сывæллон. Йæ фыд амардис, Антуаныл цыппар азы куы цыдис, уæд, æмæ лæппуйы хъомыл кодта йæ мад. Йæ сабибонтæ арвыста Сен-Морис-де-Реманы, Лионмæ хæстæг.

1909-1914 азты Антуан ахуыр кодта иезуитты колледжы Ле-Маны, уый фæстæ Швейцарийы сæрмагонд ахуырадон уагдоны.

Колледжы бакалавры къæпхæн райсыны фæстæ Антуан цалдæр азы ахуыр кодта Аивæдты академийы архитектурон хайады, уый фæстæ бацыд рæнхъон салдатæй авиацион æфсæдтæм.

1923 азы йын радтой тæхæджы бæлвырдгæнæн.

1926 азы йæ службæмæ райстой авиацион куыстуæтты Генералон къордмæ. Сент-Экзюпери тахтис ТулузæКасабланкæйы посты уæлдæфон фæндæгтыл.

1929 азы сентябры Сент-Экзюпери нысангонд æрцыдис Буэнос-Айресы францаг авикомпани «Аэропосталь-Аргентинæ» — йы хайады директорæй.

1933-1934 азты уыд тæхæг-фæлварæг, сæххæст кодта цалдæр дæргъæвтин атахты, бахаудис — иу авариты, цалдæр хатты фæцис уæззау цæфтæ.

1935 азы дыкабры Парижæй Сайгонмæ дæргъвæтин атахты рæстæг антуан де Сент-Экзюперийы хедтæхæг æрхаудис Ливийы æдзæрæг ран æмæ ныппырх, йæхæдæг аирвæзт.

1930-æм азты æмбисæй фæстæмæ куыста куыд журналист, 1935 азы апрелы уыдис Мæскуыйы куыд газет «Пари-Суар»-ы сæрмагонд уацхæссæг æмæ йæ цыды хабæрттæ æрфыста цалдæр очеркы. 1936 азы, хæстон уацхæссæг уæвгæйæ, ныффыста къорд хæстон репортажы Испанийæ, уæд уым цыдис мидхæст.

Дыккаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд капитан Сент-Экзюпери мобилизацигонд æрцыдис æфсадмæ, фæлæ йæ бæззоныл банымадтой æрмæст зæххыл службæ кæнынæн. Йæ бастдзинæдтæй спайда кæнгæйæ, Сент-Экзюпери бацархайдта, цæмæй йæ снысан кæной авиацион сгарæг къордмæ.

1940 азы майы уый хорзæхджын æрцыдис Хæстон дзуарæй "Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй".

1940 азы Франц немыцаг фашистон æфсæдтæй оккупацигонд куы æрцыдис, уæд ацыдис Америкæмæ.

1943 азы Сент-Экзюпери Америкæйæ ацыдис Алжирмæ, уым йæхи дзæбæх кодта. Уырдыгæй сæрды фæстæмæ æрбаздæхтис Мароккойы æрæнцæйæг йæхи авиацион къордмæ.

Атахтытæн бар райсыны тыххæй стыр зиндзинæдтæ бавзарыны фæстæ, францаг ныхмæлæуды дзырддзæугæ архайджыты æххуысæй, Сент-Экзюперийæн бар лæвæрд æрцыдис йæ райгуырæн Провансы районы фондз сгарæг атахты сæххæст кæнын, знаджы коммуникацитæ æмæ æфсæдты аэрохуызистытæ скæнгæйæ.

1944 азы 31 июлы райсомæй Сент-Экзюпери араст сгарæг атахты Корсикæйы сакъадахы Боргойы аэродромæй.

Хæдтæхæг йæ базæмæ нал æрбаздæхтис, æмæ йын йæ тæхæджы банымадтой æбæрæгæй фесæфæгыл. Æрмæст 1998 азы 70 метры арфæны æнæнхъæлæджы разындысты йæ хæдтæхæджы хæлддзæгтæ, æвзист цонгдарæн фыссæджы æмæ йæ бинойнаг Консуэлойы нæмттимæ.

Библиографи

[ивын | Бындур ивын]

Антуан де Сент-Экзюперийы фыццаг радзырд «Авиатор» мыхуыры фæзындис 1926 азы, 1929 азы та уый бадзырд бафыста чиныгуадзæг Гастон Гиллимаримæ йæ авд романы рауадзыны тыххæй. Уыцы азы ын рацыдис роман «Хуссайраг постласæг».

1930 азы феврал рухс федта йæ чиныг «Адæмы планетæ» уый у автобиографион эссеты æмбырдгонд.

1942 азы февралы АИШ-ы рацыд йæ чиныг «Хæстон тæхæг». Уый фæстæ уалдзæджы кæрон Сент-Экзюперийæн рауагъдад Рейналь—Хичкок бахæс кодта ныффысын аргъау сывæллæттæн. Уый бафыста контракт æмæ райдыдта кусын философон-лирикон аргъау «Гыццыл принц»-ыл авторы нывтимæ. 1943 азы апрелы «Гыццыл принц» мыхургонд æрцыдис АИШ-ы. Уыцы азы ма рацыди йæ уацау «Фыстæг амынæтмæ».

Уый фæстæ Сент-Экзюпери куыста уацау «Цитадель»-ыл (кæронмæ фыст не рцыдис, мыхуыргонд не ’рцыдис 1948 азы).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Bibliothèque nationale de France BnF catalogue général (фр.)Paris: BnF.
  2. Delarge J. Antoine de SAINT-EXUPÉRY // Le Delarge (фр.)Paris: Gründ, Jean-Pierre Delarge, 2001. — ISBN 978-2-7000-3055-6
  3. Antoine de Saint-Exupéry // Roglo — 1997.
  4. Antoine de Saint-Exupéry // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
  5. Antoine de Saint-Exupéry // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.)Grup Enciclopèdia, 1968.
  6. 6,0 6,1 http://www.fondsenligne.archives-lyon.fr/ark:/18811/jrknotsqb4p95f6c
  7. 7,0 7,1 база данных Léonore (фр.)ministère de la Culture.
  8. Сент-Экзюпери Антуан де // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  9. Электронная библиотека нидерландской литературы (нидерл.) — 1999.
  10. RKDartists (нидерл.)
  11. CONOR.Sl