Достоевский, Фёдор Михаилы фырт: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Xqbot (ныхас | бавæрд)
ч Робот баххæст кодта: mwl:Fiódor Dostoiévski
ч Робот баххæст кодта: yo:Fyodor Dostoyevsky
Рæнхъ 101: Рæнхъ 101:
[[wa:Fyodor Mixhaylovitch Dostoyevskiy]]
[[wa:Fyodor Mixhaylovitch Dostoyevskiy]]
[[war:Fyodor Dostoevsky]]
[[war:Fyodor Dostoevsky]]
[[yo:Fyodor Dostoyevsky]]
[[zh:費奧多爾·陀思妥耶夫斯基]]
[[zh:費奧多爾·陀思妥耶夫斯基]]
[[zh-min-nan:Fyodor Dostoevsky]]
[[zh-min-nan:Fyodor Dostoevsky]]

Фæлтæр 21:53, 28 ноябры 2009

Достоевский, Михаилы фырт Фёдор

Достоевский, Михаилы фырт Фёдор (уырыс. Фёдор Михайлович Достоевский) (райгуырд 1821 азы 30 октябры (11 ноябры) Мæскуыйы — амард 1881 азы 28 январы (9 февралы) Бетырбухы) у зындгонд уырыссаг фыссæг æмæ хъуыдыгæнæг.

Йæ фыд Андрейы фырт Михаил уыд дохтыр æмæ куыста рынчындоны мæгуыртæн. Йæ мад Фёдоры чызг Мария (йæ чызгон мыггаг Нечаева) уыд сæудæджерты мыггагæй. Фёдор уыд авд сабитæй дыккаг сывæллон.

Иу æнхъæлцмæ гæсгæ Фёдоры фыды къабæзты зæхмулк уыд Белоруссийы. Уыцы зæхмулк 1506-æм азы кæфты мæйы æхсæзæм боны, фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй, æлдарæй райста бардарын Ртищев Иваны фырт Данилæ. Уæдæй фæстæмæ Ртищев æмæ йæ бындартæ хуындысты куыд Достоевский бинонтæ.

Фёдорыл фынддæс азы куы сыххæст, уæд йæ мад тарнизæй амард æмæ фыд арвыста йæ дыууæ хистæр фырты Фёдоры æмæ Михаилы (кæцы фæстæдæр фыссæг сси) Костомаровы пансионатмæ Бетырбухмæ. 1837-æм аз сси фыссæгæн ахъаззаг датæ. Уый уыд йæ мады мæлæты аз, Пушкины (кæй сфæлдыстадимæ уый уыд зонгæ йæ сывæллоны бонтæй) мæлæты аз, уый æддейы 1837-æм азы Фёдор ралыгъд Бетырбухмæ. 1839-æм азы фыссæгæн фехъусын кодтой йæ фыды амарды тыххæй: хъазайраг зæхкусджытæ Михаилы амардтой.

Достоевский æфсæддон службæйæ ауагъды иу аз агъоммæ фыццаг хатт ратæлмац кодта æмæ мыхуыры рауагъта Бальзакы «Евгения Гранде» (1843). Афæдз фæстæдæр рацыд йæ фыццаг уацмыс «Мæгуыр адæм», æмæ уайтагъд Фёдор сси разагъд фыссæг. В. Г. Белинский стыр аргъ скодта ацы уацмысæн. Фæлæ иннæ чиныг «Цæрмыстыгъд» сымбæлд нембарыныл.

«Урс æхсæвты» мыхуыры рауагъды фæстæ Достоевскийы æрцахстой, уымæн æмæ уыд «Петрашевскийы хъуыддагимæ» баст. Тæрхон ын рахастой мæлæтæй æфхæрд цыппурсы мæйы дыууын дыккæгæм бон Семёновский плацыл. Фæлæ фæстаг уысмы зылынгæндтæн фехъусын кодтой, сæ фыдракæнд сын хицауад кæй ныббарста, уый.