Натуралон нымæц
Внешний вид
Математикæйы натуралон нымæцтæ сты ахæм нымæцтæ, кæдонæй архайынц нымайыны æмæ ранымады рæстæджы.
Ныртæккæ кæронмæ бæрæг нæу хауы нуль натуралон нымæцтæм æви нæ. Иутæм гæсгæ натуралон нымæцтæм хауынц позитивон æгас нымæцтæ {1, 2, 3...}, иннæтæм гæсгæ та æнæнегативон æгас нымæцтæ {0, 1, 2, 3...}.
Нысан
[ивын | Бындур ивын]Математикæйы натуралон нымæцты æмбырды бæрæг нысан у N кæнæ .
Цæмæй кæронмæ бæрæг уа æмæ нуль хауы æмбырдмæ, уый тыххæй нысанмæ бафтауынц индекс кæнæ суперскрипт "0". Цæмæ бæрæг уа æмæ нуль нæ хауы æмбырдмæ, уый тыххæй та æфтауынц суперскрипт "*" кæнæ индекс "1".