Махатмæ Ганди
Махатмæ Ганди | |
---|---|
гудж. મોહનદાસ ગાંધી | |
Райгуырды датæ | 1869-æм азы 2 октябры[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1948-æм азы 30 январы[1][2][…] (78 азы) |
Мæлæты бынат | Дели, Индийы Цæдис |
Æмбæстонад | |
Куысты мыггаг | политикон архайæг, юрист, философ |
Ахуырад | |
Дин | индуизм[2] |
Парти | |
Основные идеи | гандизм, сатьяграха |
Фыд | Карамчанд Уттамчанд Ганди[d][2][5] |
Мад | Путлибай Карамчанд Ганди[d][2][5] |
Сывæллæттæ | Харилал Ганди[d][6][7], Манилал Ганди[d][8][7], Рамдас Ганди[d][7] æмæ Девдас Ганди[d][7] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Мохандас Карамчанд (Махатмæ) Ганди (гудж. મોહનદાસ કરમચંદ (મહાત્મા) ગાંધી, хинди मोहनदास कर्मचन्द (महात्मा) गान्धी, англ. Mohandas Karamchand "Mahatma" Gandhi; райгуырдис 1869-æм азы 2 октября ныгуылæн Индийы Порбандары — фæмард 1948-æм азы 30 январы Делийы) уыдис зынгæ индиаг политикон æмæ æхсæнадон архайæг, Индийы хæдбардзинады сæрæппонд чи тох кодта, уыцы змæлды раздзогтæй иу.
Гандийы фыд уыдис кънйазад Порбандары сæйраг министр. Йæ фыд æмæ уæлдайдæр йæ мад диныл тынг æнувыд уыдысты. Бинонтæ бирæ рæстæг æрвыстой кувæндæтты, дзидза нæ хордтой, кастысты индуизмы сыгъдæг чингуытæ.
13-аздзыд Гандийæн ракуырдтой ус, йæ ном Кастурбæ уыдис.
Цалдæр азы дæргъы цардис Стыр Британийы, ахуыр кодта юриспруденци. 1893-æм азы Ганди кусынмæ ацыдис Хуссар Африкæмæ æмæ дзы уайтагъд индиæгты бартыл тох кæнын райдыдта. Уым срæзыдысты йæ æнæтыхми ныхкъуырды идейæтæ.
1915-æм азы Ганди раздæхтис Индимæ. Уыцы аз зындгонд фыссæг Рабиндранат Тагор, Гандийы тыххæй дзургæ-дзурын, спайда кодта «махатмæ», зæгъгæ, уыцы номæй — ома, стыр уды хицау.
1948-æм азы 20 январы Пенджабæй чи ралыгъдис, ахæм адæймаг, Гандимæ баппæрста хиконд бомбæ. Йæ срæмыгъдæй ничи фæцæф, фæлæ Индийы хицауад бадомдта, цæмæй Гандийы хуыздæр хъахъхъæной. Ганди йæхæдæг та загъта: «Кæд æмæ æррайы нæмыгæй амæлын мæ хъысмæт у, æз амæлдзынæн райгæйæ». Цыдис ыл 78 азы.
Цалдæр боны фæстæ, 30 январы Гандийы æртæ гæрахæй фехстой индуистон экстремисттæ. Чи йæ фехста, уыцы Натхурам Годзе ауыгъд æрцыд 1949-æм азы ноябры, къорды иннæ уæнгтæ фæбадтысты ахастоны.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Mahatma Gandhi // Babelio (фр.) — 2007.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 2,5 2,6 Mahatma Gandhi Biography // биографи
- ↑ Google Books (цалд.) — 2005. — Ф. 1—3.
- ↑ Mahatma Gandhi Biography
- ↑ 5,0 5,1 Gandhi Heritage Portal — 2013.
- ↑ https://web.archive.org/web/20190303203819/https://gandhijayanti2017.com/mahatma-gandhi-family-tree/
- ↑ 7,0 7,1 7,2 7,3 http://wowmusings.blogspot.com/2006/12/how-many-children-did-mahatma-gandhi.html
- ↑ https://gandhijayanti2017.com/mahatma-gandhi-family-tree/
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Ганди (Махатма Ганди) Мохандас Карамчанд / Кашин В. П. // Восьмеричный путь — Германцы [Электронный ресурс]. — 2006. — С. 379—380. — (Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов ; 2004—2017, т. 6). — ISBN 5-85270-335-4.
- Комаров Э. Н., Литман А. Д. Мировоззрение Мохандаса Карамчанда Ганди / Предисл. проф. Р. А. Ульяновского; АН СССР. Ин-т востоковедения. — М.: Наука, 1969. — 235 с.
- Мартышин О. В. Политические взгляды Мохандаса Карамчанда Ганди. — М.: Наука, 1970. — 300 с.
- Намбудирипад Е. М. Махатма Ганди и гандизм. — М.: Изд-во иностр. лит., 1960
- Открытие Индии: Философские и эстетические воззрения Индии XX в. / Пер. с англ., бенг. и урду; Редкол.: Э.Комаров, В.Ламшуков, Л. Полонская и др. — М.: Худож. лит., 1987
- Полонская Л. Р. Махатма Ганди: Смысл жизни. Святой или политический деятель? // Новая и новейшая история № 4, 1991
- Рыбаков Р. Б. Ненасильственная борьба за мир без насилия (Ахимса в индийской традиции и в учении М. К. Ганди) // «Пацифизм в истории. Идеи и движения мира», М.: ИВИ РАН, 1998.
- 2 октябры чи райгуырдис, уыдон
- 1869-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Порбандары чи райгуырдис, уыдон
- 30 январы чи амардис, уыдон
- 1948-æм азы чи амардис, уыдон
- Афæдзы адæймаг журнал «Time»-ы версимæ гæсгæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Политиктæ алфавитмæ гæсгæ
- Индийы философтæ
- Делийы чи амардис, уыдон
- Индийы революционертæ