Перейти к содержанию

Маркс, Карл

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Карл Маркс
нем. Karl Marx
Гуырæн ном нем. Karl Heinrich Marx
Райгуырды датæ 1818-æм азы 5 майы(1818-05-05)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1883-æм азы 14 мартъийы(1883-03-14)[3][2][…] (64 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз политикон экономи[d], социологи æмæ философи[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн философийы доктор[d][12][6][…]
Зонадон разамонæг Бруно Бауэр[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Къухфыст Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Карл Генрих Маркс (нем. Karl Heinrich Marx; 1818-æм азы 5 майы Триры — 1883-æм азы 14 мартъийы Лондоны) — гермайнаг философ, социолог, экономист, фыссæг, поэт, политикон журналист, æхсæнадон архайæг. Йæ бакуысттæ систы коммунистон æмæ социалон змæлды æмæ идеологийы бындуртæ, схуынгæйæ куыд «марксизм». Ахæм куыстты автор, куыд «Коммунистон партийы манифест» (мыхуыр уыди 1848-æм азы) «Капитал» (1867-æм азы). Йæ кæцыдæр куысттæ ма сты йе ’мвæнд Фридрих Энгельсимæ фыст.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Карл Маркс райгуырдис Триры, æмæ уыди æртыккæгæм сывæллон дзуттаг авдакат Генрих Марксы бинонты. Йæ мад — Генриеттæ, уыдис Неймегенæй, раввинты мыггагæй.

1817-æм азы, Карлы фыд Генрих йæхи саргъуыдта (протестантад райста), цæмæй тæрхондоны уынаффæгæнæгы хæсад ма фесафа. Йæ ус æмæ йæ сывæлæттæ та аргъуыд æрцыдысты 1824—1825 æзты.

1830—1835 æзты Карл æрвылдзыд кодта Фридрих-Вильгельмы номыл гимназимæ Триры, кæцыйы каст фæци 17-азыкконæй.

Гимназион уацмысы «Лæппулæджы хъуыдытæ, професси æвзаргæйæ» 1835-æм азы, Маркс фыста: «Адæймаг æрмæст йæхи уды фаг куы куса æмæ куы фæллой кæна, уæд гæнæн ис æмæ суайа зындгонд ахуыргонд, кæнæ номдзыд куырыхонлæг, замманайы поэт, фæлæ никуы суыдзæн æцæг хæдæххæст æмæ разагъды адæймаг».

Карл гимнази куы фæци, уæд бахауд нырма Бонны университетмæ, кæцыйы дыууæ семестры йеддæмæ нæ фæцахуыр кодта, стæй та Берлины университеты, кæцыйы ахуыр кодта юридикон зонæдтæ, истори, аивæдты истори æмæ философи.

Сæйраг идейæтæ

[ивын | Бындур ивын]

Марксы бакуысттæ философийы сформæ кодтой диалектикон æмæ историкон материализм, экономикæйы — æфтаугæ аргъы теори, политикæйы — къласон тохы теори.

«Фейербахыл тезисты» Маркс ралæууыд æнæхъæн развæды материализм æмæ идеализмы критикæимæ. Фыццагы фæнысан кодта йæ пассивон-фæлгæсæн характер, дыккагы та критикæ кæны адæймаджы архайд айдагъ йæ монон уагæй кæй æмбарынц. Се дыууæйы ныхмæ дæр Маркс æвæры практикæйы, кæцымæ кæсы куыд предметон æмæ материалон архайдмæ. Уый нымайы æхсæнадон цард «уæвгæйæ практиконыл». Æурдыгæй, философимæ Марксæй бахæсстæуы нæуæг предметон облæст — адæмы рацарæзтон архайды сферæ. Уый æмбарын кæны идеалон, куыд материалоны рæдæмæн гоймаджы сæры. Маркс куыд æнхъæлы, афтæ, хъуыдытæ æмæ идеатæ сты индивид æмæ ’хсæнады лæдæрæны мидæг, хæссынц æрмæстдæр зæххон равзæрд æмæ цын ис бæрзондорганизацигонд материйы миниуæг. Маркс йæ хъус дары зонады сæрмагонд хаймæ, куыд сæйраг ахадæн тыхмæ, социалистон скондады. Уый æвдыстæуы сæрибар кооперативон фæллойы системæйы хуызы.

Гегелы ныхæстæ æрхæссгæ, йæ хъуыдыйы метод Маркс æмбарын кæны куыд диалектикон. Йе ’хсæнады философийы, кæцы фæлгæстæуы йæхи историкон райтынгады, Маркс æвдисы адæймагы, куыд йæхицæй иппæрдæй æмæ аиртæстæй, æмæ фылдæр хъусдард зилы йе ссæрибаркæнынырдæм. Уыцафон ма дзы адæймаг æмбæрстæуы, куыд цæмæйфæндыдæр сæрибар удгоймаг нæ, фæлæ куыд «æхсæнæдон ахастты æмдзыгуыр».

Карл Маркс сси историйы материалистон æмбарынады бындурæвæрæг, æмæ йæ нымадта «материалон скондады» сæйраг змæлдыхыл, кæцыйы хоны термин «базис». Историйы материалистон æмбарынады мидис Маркс хатын кодта, ома, дам: «Материалон царды скондады фæрæз, æнæзæгъгæйæ бадзырд æвæры царды социалон, политикон æмæ монон процесстыл. Адæмы ’мбарынад н’ амоны адæмы уæвынады, фæлæ сæрмæбынæй, се ’хсæнадон уæвынад цын амоны се ’мбарынады дæр».

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 Gemkow H. Carlos Marx. Biografía completa — 1975.
  2. 2,0 2,1 Karl Marx // Encyclopædia Britannica (англ.)
  3. A. A. P. Secret Re-burial of Karl Marx In London (англ.) // The Sydney Morning HeraldSydney: Fairfax Media, 1954. — Iss. 36485 (late edition). — P. 1. — ISSN 0312-6315
  4. 4,0 4,1 Маркс Карл // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  5. https://www.marxists.org/archive/marx/bio/marx/eng-1869.htm
  6. 6,0 6,1 6,2 6,3 Marx, Karl: (geb. Mordechai) Dr. phil., Theoretiker des Sozialismus, "Manifest der Komm. Partei", Redakteur // Band 16: Lewi – MehrМюнхен: K. G. Saur Verlag, 2008. — Ф. 331. — 25, 427 ф. — ISBN 978-3-598-22696-0
  7. Feuer L. S., McLellan D., Ed. Volume 23 // Volume 23 — Ф. 532. — 928 ф.
  8. Schiel H. Die Umwelt des jungen Karl Marx. Ein unbekanntes Auswanderungsgesuch von Karl Marx, Die Umwelt des jungen Karl Marx. Die Trierer Wohnungen der Familie Marx. Ein unbekanntes Auswanderungsgesuch von Karl Marx (нем.) // Broschüre "Die Umwelt des jungen Karl Marx. Ein unbekanntes Auswanderungsgesuch von Karl Marx"Tr: Jacob Lintz, 1954. — S. 35—36. — 36 ф.
  9. Каталог Немецкой национальной библиотеки (нем.)
  10. 10,0 10,1 Marx, Karl (Heinrich) (англ.) // Volume 7 — P. 896.
  11. Feuer L. S., McLellan D., Ed. Volume 23 // Volume 23 — Ф. 531—543. — 928 ф.
  12. Marx: 5) Karl Heinrich // Band 17 Linl–Mats — Ф. 768. — 832 ф. — ISBN 978-3-7653-4117-5
Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Marx