Стамбул
Сахар | |
Стамбул | |
---|---|
тур. İstanbul | |
41°00′36″ с. ш. 28°57′37″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Турк |
Регион | Мармæр денджызы регион |
Ил | Стамбул |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1453-æм азы 29 майы |
Раздæры нæмттæ |
330 азы агъоммæ — Византий 1930 азы агъоммæ — Константинополь |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | 212, 216 |
Посты индекс | 34000–34990 |
ibb.istanbul/en(англ.) | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Стамбу́л (тур. İstanbul), зындгонд у куыд Константинополь дæр (гр. Κωνσταντινούπολις) у Турчы тæккæ дынджырдæр сахар, Византия æмæ Османты империйы кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 15 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у Европæйы стырдæр сахар. Стамбул лæууы Босфоры былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.
Турчы кæддæры сæйраг сахар, 1923-æм азæй фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у Анкара). Ныры ном (İstanbul) йын официалон æгъдауæй радтой 1930-æм азы.
Стамбулы историон районтæ æмæ сыхтæ
[ивын | Бындур ивын]Европæ:
- Султанахмет
- Галатæ
- Бейоглу
- Бешикташ
- Вефа
- Фатих
- Таксим
- Лалели
- Эминёню
- Сулукуле
- Долмбахче
- Айвансарай
- Касымпаша
- Джибали
- Чукурджума
- Каракёй
- Зейрек
- Кабаташ
- Фенер
- Балат
- Эйюп
- Ортакёй
- Влахерны
- Бебек
Ази:
Зонад æмæ ахуырад
[ивын | Бындур ивын]Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты: Стамбулы университет, Стамбулы техникон университет, Мармарæ æмæ Богазичийы университет. Стæй ма Стамбулы ис Стамбулы экономикæйы академи, Уæлдæр техникон скъола, Аивады академи, Стамбулы консерватори æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.
Сахары архайынц цалдæр зонадон æхсæнады: Турчы медицинон æхсæнад, Турчы биологон æхсæнад, Турчы химион æхсæнад. Сахары стырдæр библиотекæтæ сты Стамбулы университеты библиотекæ æмæ Стамбулы техникон университеты библиотекæ, Сулейманиейы библиотекæ, Баязиды библиотекæ.
Культурæ
[ивын | Бындур ивын]Музейтæ
[ивын | Бындур ивын]Сахары сæйрагдæр музейтæ: Æрвхуыз мæзджыт, Сулейманиейы мæзджыт, Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей, Стамбулы археологон музей, Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей, Топкапыйы галуаны музей, Мозаикæйы музей, Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей æмæ æндæртæ.
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Стамбул у Турчы экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Стамбул у Европæйы стырдæр сахар. Сахары цæрынц 15 млн. адæймаджы.
Аз | Цæрджытæ | |
---|---|---|
1922 | 710 286 | [2] |
1927 | 806 863 | [3] |
1935 | 883 599 | [3] |
1940 | 991 237 | [3] |
1945 | 1 078 399 | [3] |
1950 | 1 166 477 | [3] |
1955 | 1 533 822 | [3] |
1960 | 1 882 092 | [3] |
Аз | Цæрджытæ | |
---|---|---|
1965 | 2 293 823 | [4] |
1970 | 3 019 032 | [4] |
1975 | 3 904 588 | [4] |
1980 | 4 741 890 | [4] |
1985 | 5 842 985 | [4] |
1990 | 7 309 190 | [4] |
1997 | 9 198 809 | [5] |
2000 | 10 018 735 | [4] |
Аз | Цæрджытæ | |
---|---|---|
2007 | 12 573 836 | [4] |
2008 | 12 697 164 | [4] |
2009 | 12 915 158 | [4] |
2010 | 13 255 685 | [4] |
2011 | 13 624 240 | [4] |
2012 | 13 854 740 | [4] |
2013 | 14 160 467 | [4] |
2014 | 14 377 018 | [4] |
Аз | Цæрджытæ | |
---|---|---|
2015 | 14 657 434 | [4] |
2016 | 14 804 116 | [6] |
2017 | 15 029 231 | [6] |
2018 | 15 067 724 | [6] |
2019 | 15 519 267 | [7] |
2020 | 15 462 452 | [8] |
2023 | 15 655 924 | [1] |
Транспорт
[ивын | Бындур ивын]Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты — Ататюрчы аэропорт (IST) (Atatürk International Airport) æмæ Сабиха Гёкчены номыл аэропорт (SAW) (Sabiha Gökçen International Airport).
Стамбулы кусы метрополитен.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 https://data.tuik.gov.tr/Bulten/Index?p=Adrese-Dayali-Nufus-Kayit-Sistemi-Sonuclari-2023-49684
- ↑ https://dergipark.org.tr/tr/download/article-file/652823
- ↑ 3,0 3,1 3,2 3,3 3,4 3,5 3,6 http://ankad.org/InstitutionArchiveFiles/4e5b46f6-8c60-e711-80f0-00224d68272d/3f7e4ffc-9160-e711-80f0-00224d68272d/Cilt1Sayi3/41f48d78-9373-4bfc-8a56-6babfd127c48_20180103009.pdf
- ↑ 4,00 4,01 4,02 4,03 4,04 4,05 4,06 4,07 4,08 4,09 4,10 4,11 4,12 4,13 4,14 4,15 http://istanbul.yerelnet.org.tr/
- ↑ http://www.ibb.gov.tr/tr-TR/BilgiHizmetleri/Istatistikler/Documents/demografi/t211.pdf
- ↑ 6,0 6,1 6,2 http://www.istanbul.gov.tr/nufus-bakimindan-turkiyenin-en-buyuk-kenti-istanbul
- ↑ https://www.sozcu.com.tr/2020/ekonomi/istanbulun-nufusunda-rekor-artis-451-bin-543-5605614/
- ↑ Bunu da gördük: İstanbul’un nüfusu azaldı — Sözcü.