Кеплеры закъæттæ
Внешний вид
Кеплеры закъæттæ сты, Иоганн Кеплер кæй ссардта æмæ Хуры алыварс планетæты зилыны фæндæгтæ чи æвдисы, ахæм физикон æгъдæуттæ.
Фыццаг закъон: Алы планетæйæн дæр йæ орбитæ у, йæ фокусы Хур кæмæн ис, ахæм эллипс.
Дыккаг закъон: Хурæй планетæмæ раст хахх (радиус-вектор) куы акæнæм, уæд уый алы æмиас рæстæджыты дæргъы æрфысдзæн æмиас фæзуæттæ.
Æртыккаг закъон: планетæтæ Хуры алыварс цы рæстæджытæм æрзилынц, уыдон квадраттæ сæ кæрæдзиимæ сты ахæм ахасты, куыд сæ рæстæмбис дæрддзæджыты кубтæ.