Перейти к содержанию

Каладзе, Къахабер Карлы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Футбол
Къаха Каладзе
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Къахабер Карлы фырт Каладзе
Райгуырдис 1978-æм азы 27 февралы(1978-02-27)[1][2][…] (46 азы)
Æмбæстонад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Ас 186 см
Уæз 76 кг
Позици хъахъхъæнæг
Клубы тыххæй информаци
Клуб йæ карьерæ фæци
Фæсивæдон клубтæ
1986—1992 Советон ЦæдисГуырдзыстон Самтредиа
1992—1993 Гуырдзыстон Динамо (Тбилис)
Клубон карьерæ
1993—1997 Гуырдзыстон Динамо (Тбилис) 82 (1)
1998—2000 Украинæ Динамо (Киев) 71 (6)
1998—2000 Украинæ Динамо-2 9 (1)
2001—2010 Итали Милан 194 (12)
2010—2012 Итали Дженоа 53 (1)
1993—2012 Æдæппæт 409 (21)
Национ иугонд командæ
1993—1994 Гуырдзыстон Гуырдзыстон (17 онг) 2 (0)
1995 Гуырдзыстон Гуырдзыстон (19 онг) 4 (0)
1995—1996 Гуырдзыстон Гуырдзыстон (21 онг) 3 (0)
1996—2011 Гуырдзыстон Гуырдзыстон 83 (1)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Къахабе́р (Къаха) Карлы фырт Кала́дзе (гуырдз. კახაბერ (კახა) კარლოს ძე კალაძე; райгуырдис 1978-æм азы 27 февралы Самтредиайы, Гуырдзыстоны ССР, Советон Цæдис) у гуырдзиаг политик æмæ раздæры футболист, кæцы хъазыдис куыд хъахъхъæнæг Тбилисы «Динамо»-йы, Киевы «Динамо»-йы, «Милан» æмæ «Дженоа»-йы. Гуырдзыстоны хуыздæр футболисты нымад æрцыдис 2001—2003 азты æмæ 2006 азы, у ацы бæстæйы историйы хуыздæр футболисстæй иу.

Йæ футболон карьерæ байдыдта 1993-æм азы Тбилисы «Динамо»-йы сконды, фондз азы дæргъы ахъазыдис ацы командæимæ 82 хъазты æмæ фондз хатты Гуырдзыстоны чемпион сси. 1998-æм азы Къахабер рацыдис Киевы «Динамо»-мæ, æмæ дзы æртæ хатты Украинæйы чемпион сси, æртæ хатты та бæстæйы хъалац рамбылдта. Киевы Къаха 71 матчы бацархайдта, стæй футболон клуб «Милан»-ы хъазæг сси. «Милан»-имæ иу хатт сси Италийы чемпион, дыууæ хатты рамбылдта Чемпионты лигæ, иу хатт фæуæлахиз Клубты ’хсæн дунейы чемпионаты. 2010-æм азы гуырдзиаг футболист бацыдис иннæ италиаг клубмæ, «Дженоа»-мæ, уым хъазыдис 56 матчы æмæ бакъуырдта дыууæ голы. 2012-æм азы 12 майы футболист фехъусын кодта, йæ карьерæ кæй фæци, уый тыххæй.

Къахабер Каладзе 15 азы дæргъы хъазыдис Гуырдзыстоны иугонд командæйы сконды дæр. Йæ 84 матчæй 50 хатты уыд командæйы капитан.[3][4].

2013-æм азы 2 июны Каладзе бацæттæ кодта йæ фæстæг хъазт, уым бацархайдтой зындгонд футболисттæ — Каннаваро, Тони, Фернанду Коуту, Шота Арвеладзе, Шовковский, Ващук, Мальдини, Фламини, Оддо, Гроссо. Матч фенынмæ æрбацыдысты 70 мин футболуарзджытæй фылдæр[5].

Йæ политикон карьерæ Каладзе байдыдта «Гуырдзиаг бæллиц»-ы партийы, уый ма оппозицийы куы уыдис, уæд. Партийы рæздзог Бидзинæ Иванишвили бæстæйы премьер-министр куы сси (2012 азы октябры), Каладзейы снысан кодтой энергетикæ æмæ æрдзон ресурсты министрæй. 2017-æм азы 13 ноябрæй у Тбилисы мэр. 2020-æм азы уавæрмæ гæсгæ Каладзе у парти «Гуырдзиаг бæллиц»-ы генералон секретарь[6].

Хъазыны статистикæ

[ивын | Бындур ивын]
Каладзе пресс-конференцийы рæстæг, 2007 азы 3 августы
Клуб Сезон Националон

Лигæ
Националон

Хъалац
Еврокубоктæ Æндæр

Ерыстæ
Æдæппæт
Матчтæ Голтæ Матчтæ Голтæ Матчтæ Голтæ Матчтæ Голтæ Матчтæ Голтæ
Динамо (Тбилис) 1993/94 9 1 - - - - - - 9 1
1994/95 23 0 - - - - - - 23 0
1995/96 23 0 - - 1 0 - - 24 0
1996/97 12 0 - - 4 0 - - 16 0
1997/98 15 0 - - 7 0 - - 22 0
Æдæппæт 82 1  —  — 12 0  —  — 94 1
Динамо (Киев) 1997/98 13 2 - - - - - - 13 2
1998/99 25 3 - - 12 1 - - 37 4
1999/2000 25 1 - - 14 1 - - 39 2
2000/01 8 0 - - 7 1 - - 15 1
Æдæппæт 71 6  —  — 33 3  —  — 104 9
Милан 2000/01 17 3 1 0 - - - - 18 3
2001/02 30 4 5 0 11 0 - - 46 4
2002/03 27 0 4 1 15 0 - - 46 1
2003/04 6 0 3 0 1 0 1 0 11 0
2004/05 19 2 2 0 5 0 - - 26 2
2005/06 28 2 4 0 11 0 - - 43 2
2006/07 18 1 1 0 7 0 - - 26 1
2007/08 32 0 - - 8 0 2 0 42 0
2008/09 11 0 1 0 4 0 - - 16 0
2009/10 6 0 2 0 2 0 - - 10 0
Æдæппæт 194 12 23 1 64 0 3 0 284 13
Дженоа 2010/11 26 1 2 0 0 0 - - 28 1
2011/12 27 0 1 1 0 0 - - 28 1
Æдæппæт 53 1 3 1 0 0  —  — 56 2
Æдæппæт карьерæйы дæргъы 370 20 26 2 109 3 3 0 538 27

Иугонд командæйы

[ивын | Бындур ивын]
Каладзе æмæ Паццини, 2007 азы 6 майы
Гуырдзыстоны иугонд командæ
Аз Матчтæ Голтæ
1996 3 0
1997 3 0
1998 8 0
1999 7 0
2000 3 0
2001 7 0
2002 2 0
2003 2 0
2004 5 0
2005 10 0
2006 4 0
2007 6 0
2008 4 1
2009 4 0
2010 7 0
2011 8 0
Æдæппæт 83 1

Æнтыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
«Динамо» (Тбилиси)
«Динамо» (Киев)
  • Украинæйы чемпион (3): 1998, 1999, 2000
  • Украинæйы хъалац (3): 1998, 1999, 2000
  • Æмбалады хъалац (2): 1997, 1998
  • Æмбалады хъалацы финалист: 1999
«Милан»
  • Италийы чемпион: 2004
  • Италийы хъалацы рамбулæг: 2002/03
  • Италийы суперхъалацы рамбулæг: 2004
  • УЕФА-йы чемпионты лигæйы уæлахизгæнæг (2): 2002/03, 2006/07
  • Чемпионты лигæйы финалист: 2004/05
  • УЕФА-йы суперхъалацы рамбулæг: 2003, 2007
  • Клубты ’хсæн дунейы чемпионаты уæлахизгæнæг: 2007
Куыд хицæн хъазæг
  • Гуырдзыстоны хуыздæр футболист (4): 2001, 2002, 2003, 2006

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]