Кала-Корейш

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кала-Корейш (дарг. Кьара-Кьуреш) у астæузаманы Кайтаджы уцмийады сæйраг сахар. Йæ зынгæдæр фенддæгты ’хсæн ис мæзджыт (XI æнусы бындурæвæрд), сахты мавзолей æмæ караван-сарай (уазæгдон). XVIII-XIX æнусты быдираг Дагъистаны райрæзт куы стынг и, Кала-Корейшæн йæ нысаниуæг фæныллæгдæр, советон дуджы та уырдыгæй аластой йæ фæстæг цæрджыты. Кæддæры цæрæнранæн йæ уæлмæрдтæм цæуынц уырнджытæ, уым ныгæд сты XII æнусæй XIX æнусы онг æлдариуæггæнджытæ[1].

Абоны Кала-Корейш у рагон амаддзæгты лабиринт, кæцы террасгай хохы цъуппæй цæуы дæлæмæ. Ис дзы музей æмæ кайтаггаг уцмийты (æлдæрты) реставрацигонд мавзолей.

Араббæгты бабырсты агъоммæ хъæуæн йæ ном уыд Урцъмуц (Урцlмуц)[кæцæй ист у?], уый лæууыд æдас бынаты, йæ алфамбылай фидартæ, афтæмæй. Таурæгътæм гæсгæ, бынæттон цæрджытæй цардысты сæрибарæй, сæ хицауад уыд сæ хистæрты ныхас. Фæлæ араббаг равзæрды корейшиттæ хъæумæ куы æрбалыгъдысты, уæд хъæуы ном дæр баивтой, йæ фæтк дæр иннæ сси.


Кала-Корейш VIII æнусæй уыд Кайтаггаг уцмийады сæйраг цæрæнран. «Тарих Дагъистан» афыссы, корейшиттæ Кайтаджы куыд æрбынат кодтой æмæ сæхицæн куыд равзæрстой Калакорейш куыд сæ суинаг резиденци:

«Пысылмæттæ ацы ран æрцардысты цинæй æмæ сабырæй. ...эмир Чуфан уыд вилайат Хайдакæн йæ фыццаг æлдариуæггæнæг, уый Хайдачы бирæ хъæуты бындур сæвæрдта æмæ йæхицæн равзæрста цæрынæн сахар Кала Курайш, кæцы лæууы къæдзæхыл, кæмтты уæлæ, доны цур»[2].

Ома араббæгтæ Кайтаг куы байстой, уæд дзы æлдариуæг кæнын байдыдтой, рапарахат кодтой пысылмон дин, иннæ адæмтæм бырсын райдыдтой сæ ног сæйраг сахарæй. Кайтаджы æлдар уыд Ширваны дæр нымад.[3]

XV—XVI æнусты Кайтаг канд йæхи зæххытæ нæ байста, фæлæ ма æлдариуæг кодта Табасаранæй цæгæтырдæм цы Уллучай, Бутан, Артозен æмæ Гамри-озены цæугæдæттæ кæлынц, уыдоны кæмтты. Уцмийад йæ политикон тæваг дардта лекъаг зæххытæн дæр. 1598 азы Фёдор Лобанов-Ростовский фыста, уцмийæн йæ дæлбар 500 барæджы æмæ 700 фистæгæфсæддоны кæй ис, уый[4].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Фонд «ПЕРИ» открыл выставку, посвящённую Кала-Корейш, в британском музее.
  2. Шихсаидов А.Р., Айтберов Т.М., Оразаев Г.М. Дагестанские исторические сочинения. — С. 101.
  3. Алиев Б. Материалы по истории даргинцев. / Институт ИАЭ. — , ф.З, оп.1, д.360, с. 68.
  4. Белокуров С.А. Сношения России с Кавказом. М. — 1888. — С. 293.

Æддаг æрмæджытæ[ивын | Бындур ивын]