Йылмаз, Месут
Внешний вид
Месут Йылмаз | |
---|---|
тур. Mesut Yılmaz | |
| |
1991-æм азы 23 июны — 1991-æм азы 20 ноябры | |
Раздæр чи уыд | Йылдырым Акбулат |
Фæстæдæр | Сулейман Демирель |
1996-æм азы 6 мартъийы — 1996-æм азы 28 июны | |
Раздæр чи уыд | Тансу Чиллер |
Фæстæдæр | Неджметтин Эрбакан |
1997-æм азы 30 июны — 1999-æм азы 11 январы | |
Раздæр чи уыд | Неджметтин Эрбакан |
Фæстæдæр | Бюлент Эджевит |
Райгуырдис |
1947-æм азы 6 ноябры[1][2] |
Амардис |
2020-æм азы 30 октябры[3] (72 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Парти | Фыдыбæстæйы парти |
Ахуырад | Анкарайы университет |
Къухæрфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Месут Йылмаз (тур. Mesut Yılmaz; райгуырдис 1947-æм азы 6 ноябры, Стамбулы) у Турчы политик, Турчы премьер-министр XX-æнусы 90-æм азты.
Месут Йылмаз райгуырдис Стамбулы, каст фæци Анкарайы университет, фæстæдæр ахуыр кодта Кёльны университеты дæр (Герман). 1983-æм азы уый бацыдис Тургут Озалы ног Фыдыбæстæйы партимæ (ANAP), уым ссис партийы сæрдары хæдивæг. 1983-æм азы бацыдис парламентмæ, 1987-æм азы ссис фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.
Æртæ хатты уыдис Турчы премьер-министр, алы хатт дæр йе ’мгъуыды раз-иу ацыдис йæ бынатæй.
2007-æм азы ногæй бацыдис парламентмæ куыд хибар депутат Ризейы сахарæй.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Mesut Yılmaz // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ Mesut Yilmaz // Munzinger Personen (нем.)
- ↑ https://www.haberturk.com/son-dakika-mesut-yilmaz-yasamini-yitirdi-2853090
- ↑ https://www.sabah.com.tr/gundem/2020/10/30/son-dakika-mesut-yilmaz-vefat-etti