Ихсæттæг
Внешний вид
Ихсæттæг у сæрмагонд нау, кæй фæрцы салд дæтты навигаци кæнынц. Ихсæтджытæ иттæг ахсджиаг сты, цæгатаг денджызты былгæрон цы бæстæтæ и, уыдонæн. Дунейы стырдæр ихсæттæг флот и Уæрæсе (51 науы, æппæты фылдæр), АИШ, Канадæ, Финлянди æмæ Швецийæн.
Атомон ихсæттæгыл ис реактор (атомон электростанцæ), æмæ, уый цы электрон тых дæтты, уымæй кусынц науы электрон змæлынгæнджытæ. Дунейы фыццаг атомон ихсæттæг сси «Ленин» (1959). Дыккаг атомон ихсæттæг сси «Арктикæ». Уый фæстæ ноджы цалдæр атомон ихсæттæджы сарæзтой, уыдонæй фæстæг сси «50 лет победы» («Уæлахизы 50 азы»).
Ихсæтджыты фæрцы наутæ цæуынц Цæгаты денджызон фæндагыл, æрвылаз ууыл ласт цæуы 1,2 млн тоннæйы бæрц алыхуызон уæргътæ.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- «Современные ледоколы» — статья о принципах конструкций ледоколов Архивгонд æрцыдис 27 майы 2007 азы.