Перейти к содержанию

Ирони

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ирони (рагон грекъ. εἰρωνεία – æфсæнттæ) – троп, кæцыйæн йе ’цæг мидис у æмбæхст, кæнæ та ныхмæлæуд (ныхмæ æвæрд цæуы) йе ’ргом мидисмæ. Ирони сæвзæрын кæны æнкъарæн, ныхасы предмет цахæм зыны, уый хуызон кæй нæу æцæг.

Ирони – дзырдтæй спайда се ’ргом æмæ бæлвырд нысанмæ цын ныхмæвæргæ æппæрццæгхуыз-мидис ныхæстæ, кæнæ ныхасыхъæд. Дæнцæгæн: «Цы зондджын дæ!», «Маладес!». Ам æвæрццæг раныхæстæ хæссынц æппæрццæг дæлтекст.

Ирони æмæ эстетикæ

[ивын | Бындур ивын]

Ирони у эстетикæйы категори æмæ йæ райдиан исы антикон риторикæйы традицитæй. Æнæгуырысхойаг у, антикон истори кæй ратта цард нæуæг европæйаг дуджы ироникон традицийæн, æмæ сæрмагонд райтынгад райста XIX æнусы фæстаг æртыккæгæм хаййæ райдайгæйæ. Ирони, куыд комикон материалы алæвæрды фæрæз, у литературон стиль скæнынæн тыхджын амалгарз, амайгæ у раныхæсты æмæ дзырдты бæлвырд ’мæ æнцонæвзарæн цы хъапп зыны, уымæн йе ’цæг мидис бамбарын кæнын ныхмæлæугæ дæнцæгтæй æмæ ныхæстæй («Нæмыг фæтæджы маргджын буарыл куы сæмбæлди, уæд хъæстæ разынди»Георгий Александров). Ироникон стилы элементарон модел у алыхуызон дзурæн амæлтты структурон-экспрессивон принцип, кæцы йæ сусæг контексты фæрцы, ныхасы аппæн дæтты ныхмæвæрд, кæнæ идейон-экспрессивон æргомгæнæн мидис. Зæгъæм, претенциозон æмæ помпезон ныхасыуаг айсынмæ, спайдауы хи-иронийæ, кæцы æвдисы авторы ахаст сюжетон моменты дырыс уынвыстмæ (описание) («Мæ цæсгом, кæд мæхи бар уыд иу-чысыл дæр, æвдыста тæригъæдад æмæ æмбарынад» – Рекс Стаут). Негативон позицийы тæнхызæмбæрзт равдыстæн пайдауы иронийы фæрæз – фæхудт («Сараевойаг бахъавд дзæвгар амæттæгтæй байдзаг кодта пъалицайаг фæткдаруат» – Ярослав Гашек), æцæг кæцы нæу, ахæм дзырд пайдауы искæцы æхсæнадон лæдæрæны атрибут сæттынмæ («Ленин ма ныр дæр се ’гасæй æгасдæр у, æрмæст æм къухæй æвналæн нæй» – Виктор Нюхтилин), æмæ нæцæг æппæрццæн та – æргом æцæгдзинæдты сбæлвырдкæнынмæ («Тамако ныууадзынæй æнцондæр ницы ис – мæхæдæг дæр æй иу-æртын хатты ныууагътон» – Марк Твен). Уæлсæрад равдисæны ироникон фæрæз, арæх свæййы литературон уацмысты геройтыл æмæ сæ характеристикæтыл фæхудыны сæйрагдæр фадат, кæд, æддейæ бакасгæйæ, нейтралон хуыз ахсы ныхасамынд, уæддæр («Сæрыстыргомау æй хатыд, йе ’фсæддон службæйы фараст ’мæ ссæдз мæй йын, кæй нæ фæкъуыхцы кодтой йæ зындзинæдты бахауыны дæсныйад» – Джозеф Хеллер), æмæ ироникон сæрæрвæссон приём та автортæй пайдагонд цæуы, персонажты нысаниуæгæн пессимистон аргъкæнынмæ («Кæд нывгæнæгы фæнды йæ сурæтты æргътæ хæрдмæ стæхын кæнын, уæд ын дæттын æрмæстдæр иу уынаффæ: йæхи амарæд» – Курт Воннегут). Юморы жанрты цыбыр формæты хъомысджын ироникон фæрæз у – коннотацион развæлгъау зæгъæнау, кæсæг, кæнæ фæрсæджы цырд реакцимæ ’ввонгæй («Дохтыртæ йын й’ аирвæзыныл цас фæтох кодтой, фæлæ уæддæр удæгасæй баззад» – Михаил Жванецкий).

Иронийы формæтæ

[ивын | Бындур ивын]

Комкоммæ ирони – искæй дæлæмæ æруадзæн мадзал, ныхас цæуыл у, уымæн æппæрццæг, кæнæ хынджылæггаг характер раттын.

Антиирони ныхмæвæрд у комкоммæ ирониимæ æмæ равдисы антииронийы объекты фагаргънескондæй.

Хиирони – хи цæсгоммæ здæхт ирони. Хииронийы æмæ антииронийы æппæрццæг дзырдтæн сæ бон у зыгъуыммæ (æвæрццæг) дæлтекст хæссын. Дæнцæг: «Мæн хуызон æдæлы та цы зоны?»

Сократы ирони – хииронийы формæ афтæ амад æмæ цы объектмæ здæхт у, уый, цыма, «æцæгдзинад нæ зонæг» субъекты бакой-бакойты фæдыл зилгæйæ, йæхигъæдæй æрцæуы логикон хатдзæгтæм.

Ироникон дунемæбакаст – уды уаг, кæцы дын дæтты фаг æмбарынад ма исын афтæ æнцонæй искæй «бæлвырд уырнынад» ’мæ стереотиптæ æмæ æгæр серьёзгъуызæй ма кæсын алыхуызæн «æмразыйаг хæзнатæм».