Импрессионизм
Внешний вид
Импрессиони́зм (фр. impression — тæлмæн) — аивады здæхт, æппæтæй ирддæр йæхи рарвыста францаг хуызфыссынады XIX æнусы 70 — 90-æм азты.
Истори
[ивын | Бындур ивын]1870-æм азы æрыгон нывгæнджыты къорд рахицæн ис Францаг Академийæ æмæ сарæзта йæхи æхсæнад - ахæм зондахастимæ, зæгъгæ, официалон нывкæнынады традицитæ дуджы домæнтæн дзуапп нал дæттынц. Аивады историмæ бацыдис импрессионизмы номимæ. Афтæ йæ рахуыдтой, æхсæнады фыццаг равдысты Клод Монейæн цы ныв уыдис («Тæлмæн. Хурыскаст», фр. Impression, soleil levant), уымæ гæсгæ.