Заокский
Сахарæнгæс посёлок | |
Заокский | |
---|---|
уырыс. Заокский | |
54°44′06″ с. ш. 37°24′02″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Тулæйы облæст |
Муниципалон район | Заокскийы район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1935 |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘6509[1] адæймаджы (2020) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 48734 |
Посты индекс | 301000 |
zaokskiy.tularegion.ru | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Зао́кский у сахарæнгæс посёлок (кусджыты цæрæнран) Тулæйы облæсты; у Заокскийы районы административон центр.
Цæрджыты нымæц у 6652 адæймаджы (2006 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ).
Географи
[ивын | Бындур ивын]Æвæрд ис облæсты цæгаты, Тулæйæ цæгатырдæм 63 километры æддæдæр. Заокскийы æрбынат кодта æфсæнвæндаджы станцæ — хауы Мæскуы—Тулæйы линимæ.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Заокскийы истори райдайы дины приходæй. Приходмæ ма хаудысты ахæм хъæутæ æмæ бынæттæ: Уньки (хъуыстгонд у XVII æнусæй), Ивановкæ æмæ, Мæскуы—Курсчы æфсæнвæндагмæ чи хауы, уыцы станцæ Иваново (ныртæккæ у станцæ Тарусская). 1935-æм азы хъæутæ Ивановкæ æмæ Тарусская (Мæскуыйы облæсты Заокскийы район) баиу сты æмæ фæзындис ног хъæу — Заокское.
Сахарæнгæс поселочы статус цæрæнранæн лвæрæд æрцыдис 1970-æм азы.
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Заокскийы сæйраг куыстуæттæ сты: ÆАÆ «Резон» (кæнынц дзы резинæ къахыдарæс), маргъдарæн фабрикæ, хъæды хæдзарад, типографи.
Поселокмæ хæстæг, Окайы цæугæдоны былгæрон ис фæлладуадзæн хæдзар «Велегож», стæй цалдæр фæлладуадзæн базæйы. Уым хæстæджыты ма ис бирæ дыргъгуыстгæнæн æмбæлæдтæ.
Культурæ
[ивын | Бындур ивын]Посёлочы ис астæуккаг скъола, сæрмагонд скъола-интернат, музыкалон скъола, районы рынчындон.
Заокскийы æрбынат кодта æвдæм боны адвентистты уæлдæр ахуырдон — Заокскийы адвентистон университет, ис дзы музыкалон, экономикон, фæсарæйнаг æвзаджы æмæ хуыцаузонадон факультеттæ. Æдæппæт студентты нымæц у 300 адæймаджы бæрц.
Посёлочы уагъд цæуы газет «Заокский вестник».
Фенддæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Заокскиймæ хæстæг, Окайы былгæрон æрбынат кодта цæрæндон Поленово — зындгонд уырыссаг нывгæнæг В. Д. Поленовы музей-æрдзæвæрæн.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.