Дон (цæугæдон)
Внешний вид
- Ацы статья у цæугæдоны тыххæй, дзырдæн æндæр нысаниуæгтæ дæр ис, фен сæ: Дон (нысаниуджытæ)
Дон | |
---|---|
Кæм кæлы | Уæрæсе |
Гуырæн | Урванкæйы чысыл цæугæдон Тулæйы облæсты |
Донæфтæн | Азовы денджызы Таганроджы бакæлæн |
Дæргъ | 1870 км |
Бассейны фæзуат | 422 000 км² |
Гуырæны бæрзæнд | 180 м |
Донæфтæны бæрзæнд | 0 м |
Доны хардз | 900 м³/с |
Дон (бердзенæгтæм Гиргис, Танаис, рагон грекъ. Τάναις, лат. Tanais, Æстæуккаг æнусты Стыр Дон, рагзаманы кыпчакаг адаммæ Тен) — Уæрæсейы Европæйы хайы хуссары цæугæдон, æфты Азовы денджызмæ. Европæйы мидаг бассейны фæзуатмæ гæсгæ ахсы фæндзæм бынат Волгæ, Днепр, Дунай æмæ Камæйы цæугæдæтты фæстæ. Йæ дæргъ у — 1870 км.
Галерей
[ивын | Бындур ивын]-
Доны сæрты хид Воронежмæ ’ввахс
-
Лебедяны сахары цур (Липецчы облæст)
-
Дон Елецмæ ’ввахс (Липецчы облæст)
-
Дон Семилукимæ ’ввахс Воронежы облæсты