Домæн æмæ æнхъарæн
Внешний вид
Домæн æмæ æнхъарæн (англ. Supply and demand, уырыс. Спрос и предложение) — микроэкономикæйы, домæн æмæ хъарæн у экономикон модель аргъ равзарынæн маркеты (уæйдоны). Уый хæссы йæ мидисы æмæ конкурентон уæйдоны, кæцыфæнды сæрмагонд хæрзтæй райсгæ дзаумаджы аргъ, хæрдмæ-дæлæмæ кæндзæн, цалынмæ ма ’рбада иу ран, гъе уæд æлхæнджытæй цы бæрц домдæуы сæмраст уыдзæн дзаумауадзтæй (производители) æнхъаргæ бæрцимæ. Йæ фæстиуæг вæййы хæрзты хъæд æмæ сæ æргъты экономикон æмуæзад.
Домæн æмæ ’нхъарæны цыппар бындурон æгъдауы сты:
- 1. Кæд домæн рæзы, æнхъарæн та æнæивгæ зайы — уæд фæзыны уæлдæр аргъы æмуæзадмæ кæнæг дефицит.
- 2. Кæд домæн æрхауы, æнхъарæн та æнæивгæ зайы — уæд фæзыны дæлдæр аргъы æмуæзадмæ кæнæг профицит.
- 3. Кæд домæн баззад æнæбаивгæ, æнхъарæн та рæзы — уæд фæзыны дæлдæр аргъы æмуæзадмæ кæнæг профицит.
- 4. Кæд домæн баззад æнæбаивгæйæ, æнхъарæн та æрхаудта — уæд фæзыны уæлдæр аргъы æмуæзадмæ кæнæг дефицит.