Джугашвили, Виссарион Иваны фырт
Виссарион Иваны фырт Джугашвили | |
---|---|
гуырдз. ბესარიონ ჯუღაშვილი | |
Райгуырды датæ | 1850[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1909-æм азы 25 августы |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | æрмгусæг, цырыхъгæнæг |
Фыд | Иван (Вано) Джугашвили[d] |
Мад | Виссарион Джугашвилийы мад[d][3] |
Æмкъай | Екатеринæ (Кеке) Геладзе[d] |
Сывæллæттæ | Михаил Джугашвили[d], Георгий Джугашвили[d] æмæ Сталин Виссарионы фырт Иосиф |
Викикъæбицы медиа |
Виссарион (Бесо) Джугашвили (гуырдз. ბესარიონ ჯუღაშვილი) уыд Иосиф Сталины фыд, куыста къахыдарæс хуыйæгæй. Кæд æмæ Сталинæн дыууæ æфсымæры уыдис, сæ дыууæ дæр сæ сабибонты амардысты, афтæмæй Иосиф уыдис Виссарионы иунæг фырт.
Виссарион Джугашвили райгуырдис 1850 азмæ ’ввахс, хъæу Стыр Лилойы (ис Тбилисмæ хæстæг). Гурмæ куы ралыгъдис, уæд дзы байгом кодта къахыдарæс хуыйæн æрмадз сахары уырыссаг сыхы, йæ клиенттæй фылдæр хай уыдысты уырыссаг æфсæддонтæ[4]. 1872-æм кæнæ 1874-æм азы уый ракуырдта Екатеринæ (Кеке) Геладзе, Гамбареулийы хъæуæй рацæуæг æрыгон чызг, кæцыйыл цыдис 16 азы. Фæстæдæр Виссарион расыггæнаг сси, йæ бизнес фехæлдис, æмæ уый йæ бинонтæй ахицæн Тбилисмæ.
59 азы йыл куы цыдис, уæд амард игæры циррозæй 1909-æм азы. Рынчындоны куы фæхуыссы, уый ис «ирон» регистраци скодта.[5] Телауы ис Виссарион Джугашвилийы ингæн.[кæцæй ист у?]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 http://www.spokeo.com/Besarion+Jughashvili+1
- ↑ http://wc.rootsweb.ancestry.com/cgi-bin/igm.cgi?op=GET&db=geer_family_tree&id=I836504
- ↑ Geni (цалд.) — 2006.
- ↑ Kotkin, Stephen (2014), Stalin, Volume I: Paradoxes of Power, 1878–1928, New York City: Penguin Press, ISBN 978-1-59420-379-4
- ↑ Montefiore, Simon Sebag (2007), Young Stalin, London: Phoenix, ISBN 978-0-297-85068-7: ф. 30