Дерсу Узала
Внешний вид
Дерсу Узала (райгуырдис 1849 азы — амардис 1908 азы) уыдис нанайаг цуанон. Йæ цард-цæрæнбонты фæцардис тайгайы. Хæдзар ын никуы уыдис æмæ цардис куы гом арвы бын, куы халагъуды.
XX æнусы райдианы йемæ базонгæ ис уырыссаг этнограф, географ æмæ фыссæг Владимир Арсеньев. Узала уыдис Арсеньевы дыууæ романы («Дерсу Узала» æмæ «По Уссурийскому краю») сæйраг архайæг.
Цымыдисаг факттæ
[ивын | Бындур ивын]- 1961-æм азы советон режиссёр Агаси Бабаян систа киноныв «Дерсу Узала» Владимир Арсеньевы чингуытæм гæсгæ.
- 1975-æм азы япойнаг режиссёр Акирæ Куросава систа киноныв «Дерсу Узала» Владимир Арсеньевы чингуытæм гæсгæ. 1976-æм азы йæ схорзæхджын кодтой кинопреми «Оскар»-æй (номинаци «Хуыздæр фæсарæйнаг фильм»).