Перейти к содержанию

Волгæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Волгæ / Идыл
уырыс. Волга
Пассажирон нау Дæллаг Новгороды цур
Пассажирон нау Дæллаг Новгороды цур
Характеристикæ
Дæргъ 3530 км
Бассейны фæзуат 1 360 000 км²
Цæугæдæтты бассейн Къаспы денджыз
Доны хардз 8060 м³/с
Цæугæдоны цыд
Гуырæн Валдайы уæлвæз
 · Гуырæны бынат Волговерховье (Осташковы район, Тверы облæст)
Донæфтæн Къаспы денджыз
Ран
Волгæ Уæрæсейы Европæйаг хайы картæйыл
Волгæ Уæрæсейы Европæйаг хайы картæйыл
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Волгæ (Европæйаг Уæрæсе)
гуырæн
донæфтæн

ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Во́лгæ кæнæ Идыл[1], дыгурон вариант: Дидил[2] (нарты кадджыты Нарты стыр дон, Адылы дон[3] дæр; уырыс. Волга, мар. Юл, чуваш. Атӑл, тæт. Идел, ног. Эдил, калм. Иҗил-һол, эрз. Рав) у Уæрæсейы Европæйаг хайы ахсджиагдæр цæугæдон, дунейы стырдæр цæугæдæттæй иу, Европæйы тæккæ стырдæр. Йæ цыды фылдæр хай у наудзæуæн, рагæй ын ис егъау транспортон нысаниуæг.

Волгæйы дæргъ у 3530 км (донмарæнты арæзтады агъоммæ — 3690 км). Бассейны фæзуат — 1360 мин км². Волгæйы гуырæн у Валдайы уæлвæзыл, Тверы облæсты, денджызы уæлвæзæй 229 м уæлдæр. Цæугæдон æфты Къаспы денджызмæ (уый у егъау цæхджын цад, денджызы уæлвæзæй 28 метры ныллæгдæр).

Наудзæуæн къанæуттæ Волгæйы бæттынц Балты æмæ Урс денджызтимæ, цæугæдон Донимæ, уымæй та — Азовы денджызимæ.

Волгæйы стырдæр фæрсагдæттæ

[ивын | Бындур ивын]
Илья Репин — «Бурлаки на Волге». 1873-æм аз

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
  2. Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Дыккаг том. / Чиныг сарæзта Салæгаты 3. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 — 655 ф.
  3. Бязырты А. Нарты таурæгъты истори. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1992 — 167 ф.